Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

01.08.2015 азы РХИ-ы Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Цхуырбаты Хъасполаты бардзырдмæ гæсгæ арæзт æрцыд Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экспертон совет. 19 ноябры 2015 азы уагъд æрцыд Экспертон советы фыццаг рабадт.

Экспертон советы фыццаг рабадты сæр уыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны æддагон полититкæйы актуалон здæхтытæ». Рабадты хайадисджытæ æруынаффæ кодтой, æддагон политикæйæн цы ахадындзинад ис Республикæйы националон интересты, ууыл. Хайадисджытæ сразы сты ууыл, зæгъгæ, эксперттæ æддагон политикæй фарстаты фæдыл сæрибарæй хъуамæ æргом кæной сæ хъуыдытæ. Уыдон хорзыл банымадтой, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экспертон советы фæзуатыл æддагон полтитикæ æмæ æхсæнадæмон проблематикæйы фарстатæ рахæссыны фадат кæй фæзынд, стæй уæд, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ экспертон æмæхсæнадæн æмкуысткæнынады механизмæн райрæзты фадат кæй фæзынд, уымæй.

Дарддæры æмкуысткæнынадмæ тырнындзинад æвдисгæйæ, хайадисджытæ равдыстой сæ цæттæдзинад Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экспертон советы куыст регулярон бындурыл адарддæр кæнынмæ.

Цхинвал, 20 ноябрь 2015 аз

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экспертон советы фыццаг рабадты хайадисджыты фидиуæн

Мах, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур Экспертон советы фыццаг рабадты хайадисджытæ;

Республикæ Хуссар Ирыстоны националон интерестæ ифтонг кæныны хъуыддаджы æддагон политикæйы ахадындзинад хынцгæйæ;

æддагон политикæйы здæхтытæ бакусыны хъуыддаджы Республикæйы æмæхсæнады ахсджиагдзинад нысан кæнгæйæ;

хорзыл нымайæм, Экспертон æмæхсæнад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æхсæн æмкуысткæнынад æмæ æмархайды механизмтæ райрæзыны охыл хæдбар эксперттæн æддагон политикæйыл уынаффæ кæнынæн фæзуаты хуызы Эскпертон совет саразыны хъуыддаг;

Эспертон советы фыццаг рабадты конструктивон уавæр банысан кæнгæйæ, фидар кæнæм нæ тырнындзинад дарддæры æмкуысткæнынадмæ æмæ нымайæм æнæмæнгхъæуæгыл ахæм форматы регулярон бындурыл æмбæлын.

Цхинвал, 19 ноябрь 2015 аз

 

20.11.2015