Джеоргуыбайы мæйы 4-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитеты (СДÆК) Минæварады Сæрдар Драгослав Блажевичы йæ хæстæ кæронмæ бахæццæ кæныны фæдыл.
Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл СДÆК-ы Минæварады куыстмæ уæзгæ хайбавæрды фæдыл Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта Драгослав Блажевичæн æмæ йын раарфæ кодта дарддæры æнтыстыты фæндиæгтимæ.
Д. Блажевич дæр бузныджы ныхæстæ загъта хуссарирыстойнаг фарсæн æнтысджын æмгуыстады фæдыл.