Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ

Кæфты мæйы 7-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсаримæ. 

Æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг радзырдта Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды фæстиуджыты фæдыл, кæцы ацыд кæфты мæйы 4-æм бон. 

Джиоты Æхсар Президентмæ фæхæццæ кодта УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы арфæйы æмæ бузныджы ныхæстæ. Афтæмæй ма Сергей Лавров бахахх кодта, 2008 азы Хуссар Ирыстоны суверенитет æмæ хæдбардзинад банымайыны фæдыл уæрæсейаг къухдариуæгады уынаффæйæн аивæн кæй нæй. 

Паддзахады сæрдар бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийæн йе ‘ххуысы тыххæй æмæ банысан кодта, уæвæг бадзырдадты фæлгæтты Хуссар Ирыстон дарддæр дæр ныфс кæй дары æнгом æмархайд кæныныл. 

Цхинвал, 2024 азы кæфты мæйы 7-æм бон

07.10.2024