Кæфты мæйы 8-æм бон Цхинвалы ацыд Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы хайадисджыты фембæлд Женевæйы дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йы Æмсæрдæрттимæ.
Фембæлд ацыд Женевæйы дискусситы 62-æм раунды хæдразмæ æмæ дзы дзырд цыд æрцæугæ раунд ауадзыны фарстатыл.
Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй нысангонд æрцыд, Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситæ 16 азы дæргъы кæй сты æнæмæнгхъæугæ регионы æдасдзинад бахъахъхъæнынæн. Уымæй дарддæр ма нысангонд æрцыд Инциденттæ аиуварс кæнын æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл механизмы архайды ахсджиагдзинад æмæ уый фæлгæтты бастдзинады «тæвд хахх»-ы фæстиуæгджын куыст.
Хуссарирыстойнаг – гуырдзиаг паддзахадон арæны стабилондзинад æмæ æдасдзинады фарстатыл дзургæйæ, фембæлды хайадисджытæ уавæрæн саргъ кодтой куыд абаргæйæ стабилон.
Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ тыхсынц, Гуырдзыстоны территорийыл НАТО-йы архайд кæй рæзы, ууыл. Хуссарирыстойнаг делегацийы къухдариуæггæнæг Коцты Константин хъусдард аздæхта тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документы бафыст æмæ паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы фæдыл консультацитæ райдайыны æнæмæнгхъæугæдзинадмæ.
Афтæмæй ма хъуыдытæ загъдæуыд æндæр гуманитарон фарстаты фæдыл.
Женевæйы дискусситы 62-æм раунды фæлгæтты фембæлд нысангонд æрцыд 2024 азы джеоргуыбайы мæйы 5-6 бонтæм.
Цхинвал, 2024 азы кæфты мæйы 8-æм бон