Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференцийы фæдыл

Пресс-конференция

Кæфты мæйы 8-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары пресс-конференци, кæцыйы дзырд цыд Мæскуымæ балцы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровимæ фембæлды фæстиуджытыл.

Джиоты Æхсар банысан кодта, уæрæсейаг коллегæимæ фембæлд кæй ацыд хæларадон уавæры. Æрдзырдæуыд актуалон фарстатыл, сæрмагондæй, нæ паддзахадты ‘хсæн æмахастыты дарддæры размæдзыд, æхсæнадæмон æмæ регионалон æдасдзинады фарстатæ, афтæмæй ма Дывæрсон æмбæстагады фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл бадзырды реализацийыл.

Æддагполитикон уагдоны сæргълæууæг банысан кодта, «Уæрæсеимæ дывæрсон æмбæстагады фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл бадзырд бафыстгонд æрцыд 2020 азы, фæлæ нырма йæ тыхы нæ бацыд, уымæн æмæ йæ реализацийæн æнæмæнг у механизм, кæцы æвдыст æрцæудзæн Уæрæсейы президенты Барамынды». Джиоты Æхсар бахахх кодта, ацы фарстайы фæдыл куыст кæй цæуы консультациты хуызы уæрæсейаг коллегæтимæ, æмæ йæ ныфс ис, бадзырд йæ тыхы кæй бацæудзæн æввахс рæстæджыты.

Министр банысан кодта, 2008 азы уæрæсейаг къухдариуæгады ‘рдыгæй рахастгонд уынаффæтæн аивæн кæй нал ис, уый ногæй кæй бахахх кодта Сергей Лавров. Уымæй дарддæр ма æрдзырдæуыд Фæскавказы, сæрмагондæй, сыхаг Гуырдзыстоны уавæрыл.

Пресс-конференцийы рæстæджы Джиоты Æхсар сдзуапп кодта журналистты æндæр фарстатыл.

Цхинвал, 2024 азы кæфты мæйы 8-æм бон

 

08.10.2024