Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры х.æ. Джиоты А.М. æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр С.В. Лавровы фембæлды фæдыл

Встреча И.о. Министра иностранных дел РЮО А.М. Джиоева и Министра иностранных дел РФ С.В. Лаврова
Встреча И.о. Министра иностранных дел РЮО А.М. Джиоева и Министра иностранных дел РФ С.В. Лаврова
Встреча И.о. Министра иностранных дел РЮО А.М. Джиоева и Министра иностранных дел РФ С.В. Лаврова

Кæфты мæйы 1-æм бон Мæскуыйы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсары æмæ Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы фембæлд.

Ныхасы рæстæджы æддагполитикон уагдæтты сæрдæрттæ æрдзырдтой дывæрсон æмархайды актуалон фарстатæ, æддагон политикæйы дарддæры координаци, афтæмæй ма регионалон æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады ахсджиаг здæхтытыл, се 'хсæн Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фарстаты фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хайадист.

Джиоты Æхсар раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Хъамболты Мараты номæй æмæ бузныджы ныхæстæ загъта уæрæсейаг фарсæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы æххуысы фæдыл. Банысан кодта, дарддæры интеграцион процесстæ, Республикæйы экономикон размæдзыд, æхсæнадæмон аренæйы йæ позицитæ размæ кæнын, стабилондзинад æмæ сабырад фидар кæныны хъуыддаджы нын кæй ис бирæ фадæттæ.

Сергей Лавров банысан кодта Хуссар Ирыстоны ахсджиаг бæрæгбонты фæстæ дывæрсон фембæлдтыты традицион здæхт, афтæмæй ма бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны рухæны мæйы 18-æм бон кæй ацыдысты Президенты æвзæрстытæ, кæцыты легитимондзинад сфидар кодтой бирæнымæц æхсæнадæмон цæстдарджытæ. УФ-йы ФХъМ-йы сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстонæн, Республикæйы цы уæрæсейаг æмбæстæгтæ цæры, уыдонæн Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты хайад райсыны хъуыддаджы кæй баххуыс кодтой, уый фæдыл.  

Ныхасы рæстæджы дыууæ фарс дæр равдыстой сæ цæттæдзинад дывæрсон æмгуыстад уæрæх кæныны фæдыл фæстиуæгджын куыстмæ.

Фембæлды хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры х.æ. Фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В., Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы З.Н. æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Паддзахадон суагъæйы управленийы Сæрдар Къадзты О.Ф.

2026 азы кæфты мæйы 1-æм бон

01.10.2026