РХИ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры х.æ. Джиоты Æхсары ӕмӕ РХИ-йы Уӕлвӕткон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын Минӕвар Республикӕ Никарагуа ӕмӕ Боливариайнаг Республикӕ Венесуэлӕйы Козаты Наримы фембӕлды фæдыл

Встреча А.М. Джиоева и Н.З. Козаева
Встреча А.М. Джиоева и Н.З. Козаева

Кæфты мæйы 5-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры х.æ. Джиоты Ӕхсары ӕмӕ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон ӕмӕ Ӕххӕстбарджын Минӕвар Республикӕ Никарагуа ӕмӕ Боливариайнаг Республикӕ Венесуэлӕйы Козаты Наримы фембӕлд. 

Ныхасы рæстæджы сæйраг хъусдард аздæхтæуыд Никарагуа æмæ Венесуэлæимæ дипломатон æмархайд æмæ æмгуыстад уæрæх кæнынмæ. 

Фембæлды фæстиуæгæн нысангонд æрцыдысты æддагполитикон хæстæ скъуыддзаг кæныны фæдыл дипмиссийы дарддæры куысты пълæнттæ. 

2026 азы кæфты мæйы 5-æм бон

05.10.2026