Хуссарирыстойнаг делегацийы хъусынгæнинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн

Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл Женевæйы дискусситы 25-æм раунды тыххæй

2013 азы 5-6 ноябры Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл дунеон дискусситы фæлгæтты Женевæйы уагъд цыдис радон фембæлд. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстоны, Уæрæсейы Федерацийы, АИШ делегацитæ, афтæ ма ЕЦ, ЕЦÆО, ИНО минæвæрттæ дæр. Хуссарирыстойнаг делегацийы сæргъ лæууыдис фæсконфликтон ситуаци æрбæстон кæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурæт.

2008 азы 12 августæй 8 сентябрмæ Медведев-Саркозийы бадзырдтæм гæсгæ уагъд чи цыдысты, уыцы дискусситы сæйраг хъусдард здæхтæуыд раздæр бавдыстгонд цы проект уыдис Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ цæмæй тыхæй ма спайда кæна æмæ регионы уа æдасдзинад, уыцы фарстыл æруынаффæ кæнынмæ. Хуссарирыстойнаг делегаци фæсидтис, цæмæй фæактивондæр уа юридикон æгъдауæй Гуырдзыстон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны, Гуырдзыстон æмæ Республикæ Абхазы ‘хсæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл хæсджынгæнæг дывæрсыг бадзырд бацæттæ кæныны куыст. Уымæй размæ Хуссар Ирыстоны, Абхазы æмæ Гуырдзыстоны президенты иувæрсыг хъусынгæнинаг тыхæй ма спайда кæныны фæдыл дзурæг у ууыл æмæ уыцы принцип кæй у йæ бацæттæ кæнынмæ иумиаг ахсджиаг æхсæнкъахдзæф. Хуссарирыстойнаг делегаци бавдыста, цæмæй тыхæй ма спайда кæныны фæдыл дискусситы хайадисджытæ райстаиккой, раздæр куыст кæуыл цыдис, уыцы иумиаг хъусынгæнинаджы проект. Фæлæ та Гуырдзыстоны делегацийы æнæконструктивон позици радон хатт фадат нæ радта ахæм иумиаг хъусынгæнинаг райсынæн. Хъусынгæнинаджы проекты фæдыл эксперттæ сæ куыст адарддæр кæндзысты.

Хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæнты районы стабилондзинад æмæ æдасдзинады фарстатыл уынаффæ кæнгæйæ, фембæлды хайадисджытæ банысан кодтой Женевæйы процессы эгидайæ уагъдцæуæг инциденттæ ма ‘руадзын æмæ сæм уайтагъд хъус æрдарыны куысты механизмты эффективондзинад æмæ нысанмæздæхтдзинады нысаниуæгыл.

Хуссарирыстойнаг минæвæрттæ та ногæй банысанкодтой, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн паддзахадон арæны хахх кæуылты цæуы, уый бынаты бæлвырд кæнгæйæ, æппæт куыстытæ дæр фидарæй æххæст цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны суверенон бартæм æмæ закъондæттынадмæ гæсгæ æмæ ахъаз кæнынц паддзахадон арæнты районы стабилондзинад ифтонг кæнынæн. Хуссарирыстойнаг делегаци цы æрмæджытæ бавдыста, уыдон æххæстæй иуварс кæнынц, уымæй размæ Гуырдзыстон кæй бæлвырд кодта, цыма дзы бынат ис Дицы æмæ Дуаны хъæуты цæрджыты бартæ халынæн. Æрмæджытæ ма фенын кодтой хуссарирыстойнаг хицауады гуманон ахаст арæнгæрон территорийыл цæрджыты домындзинæдтæм дæр.

Уыимæ иумæ ма Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ ногæй æрсидтысты Гуырдзыстоны хицауадмæ, цæмæй иумæ рæвналой паддзахадон арæны делимитаци æмæ демаркацийы куыстмæ.

Лæмбынæг ныхас цыдис гуманитарон фарстаты фæдыл дæр, кæцыты ахсджиаг бынат æрцахста Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфтысты, афтæ ма Гуырдзыстоны æнæбындурæй кæуыл стæрхон кодтой, уыдон хъысмæтыл. Æвæрд æрцыдис Хуссар Ирыстоны цæрджыты, Уæрæсейы æмбæстæгты бартæ халыны фарст, фæсарæйнаг бæстæтæм цæугæйæ.

Дискусситы æркæсынмæ рахæсгæ фарстаты эффективондзинад сырæзын кæныны нысанæн, уыдоны иу хайыл уынаффæ цыдис дискусситы фæлгæтты чи архайдта, уыцы дыууæ кусæгон къорды рабадтыты.
25-æм раунды дискусситы фæлгæтты дунеон эксперттæ ауагътой информацион сесси иу ранæй иннæ ранмæ сæрибарæй цæуыны тыххæй прагматикон балæудтыты фарстатыл.

Женевæйы дискусситы радон, 26-æм, раунд ауадзын нысан цæуы 2013 азы 17-18 декабры.

Женевæ, 2013 азы 7 ноябрь

 

14.11.2013