2013 азы 8 октябры Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады Сæргълæууæг Сураго С.В. æмæ йæ хæдивæг Мясников С.Ю. хайад райстой, горæт Бендерыйæн бындур æрæвæрыны 605 азы цытæн организацигонд чи ‘рцыдис, уыцы химæрайсты. Химæрайст уагъд цыд г. Бендерыйы Паддзахадон администрацийы агъуысты.
Ацы мадзалы хайад райстой Молдавийы Уæрæсейы Федерацийы Минæварады уынаффæгæнæг Скотаренко В.П. æмæ Молдавийы Уæрæсейы Зонад æмæ культурæйы центры къухдариуæггæнæг Давыденко С.В., г. Бендерыйы Администрацийы сæргълæууæг Гервазюк Ю.В., г. Бендерыйы горæтон советы депутаттæ, Приднестровьейы горæттæ æмæ районты къухдариуæггæнджытæ, æхсæнадон-политикон организациты минæвæрттæ æмæ горæт Бендерыйы кадджын æмбæстæгтæ.
Сураго С.В. йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Бендеры у, йæхи сæрмагонд хъæздыг историон хъысмæт кæмæн ис, ахæм æмæ ирон æмæ приднестроваг адæмы æфсымæрон хæлардзинады тæгтæ иу кæнынц бирæ дæсгай азты.
Мадзал уадзыны рæстæджы г. Бендерыйы Сæргълæууæг Гервазюк Ю.В. уазджыты фæхуыдта, горæты централон фæзуатыл уагъд чи цыдис, уыцы равдыстмæ, цæмæй базонгæ уыдаиккой горæты сæудæджерадон æмæ культурон потенциалимæ.
Тирасполь, 2013 азы 8 октябрь