Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2013 азы 16 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Д.Г. официалон визиты уыдис Сухумы, кæцыран хайад райста Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад саразыныл 20 азы сæххæсты боны цытæн уагъдцæуæг мадзæлтты.

Визиты рæстæджы РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Санахъоты Д.Г.фембæлдис РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр В.А. Чирикбаимæ æмæ æруынаффæ кодтой дывæрсыг æмкуысткæнынады фарстатыл, афтæ ма 2013 азæн сæ къухтæ бафыстой Консультациты планыл.

17 майы Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кады грамотатæй хорзæхджын кæныны æмæ хорзæхтæ дæттыны церемонийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Санахъоты Давид дунеон æмкуысткæнынады æмæ дипломатон архайды рæзтмæ йæ хайбавæрды тыххæй хорзæхджын æрцыдис Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады медаль «Сгуыхтдзинæдты тыххæй»-йæ.

Дунеон æмкуысткæнынад æмæ дипломатон архайды рæзтмæ йæ хайбавæрд тыххæй РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады медалæй ма хорзæхджын æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Абхазы Республикæйы Боциты Олег.

Цхинвал, 2013 азы 17 май

 

30.05.2013