Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Боциты Олегы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй Республикæ Абхазы снысан кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. 2013 азы 15 апрелы Указæй Боциты Олег Ильяйы фырт нысан æрцыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй Респуликæ Абхазы.

Цыбыр биографион зонæнтæ:

Боциты Олег Ильяйы фырт райгуырдис 1954 азы Абхазы АССР, Ткварчелы горæты.

1976 азы каст фæцис Харьковы паддзахадон университет (механикон факультет).

1976-1979 азты – сусæг кондадон цехы хистæры хæдивæг, хистæр мастер.

1979-1984 азты – завод «Точприбор»-ы цехы хистæр.

1984 азæй 1989 азмæ – автобазæ «Турист»-ы сæйраг инженер, æмæ 1989 азæй 1992 азмæ та – автобазæ «Турист»-ы директор.

1992 азы – Абхазы транспорт æмæ бастдзинады фæдыл министрыхæдивæг.

1994-1995 азты – Абхазы Хъахъхъæнынады министрады хайады хистæр.

1995 азæй 1998 азмæ Абхазы Министры Кабинеты хайады хистæр, уый фæстæ, 1999 азæй – Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министр.

2002-2005 азты – Республикæ Абхазы Министры Кабинеты аппараты хистæр.

2007 азæй – Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады Республикæ Абхазы уынаффæгæнæг-æрвыстлæг. Ис ын Уæлрадон æмæ Æххæстбарджын Æрвыстлæджы дипломатон ранг.
Бинонты уавæр: усджын, ис ын фырт.

Хорзæхджын у РА æмæ УФ паддзахадон хорзæхтæй.

 

Цхинвал, 2013 азы 15 апрель

 

21.04.2013