Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

Тыбылты Даниел Венесуэлæйы Боливарон Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй снысан кæныны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леониды Указмæ гæсгæ, Тыбылты Даниел Израилы фырт нысан æрцыдис Венесуэлæйы Боливарон Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уалвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæварæй.

Цыбыр биографион зонæнтæ:

Тыбылты Даниел Израилы фырт райгуырдис 1968 азы 28 июлы. 1995 азы каст фæцис УФ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады цур ДАМПИ, 1999 азы та - Венесуэлæйы техникон университеты дунеон барады факультет. 1995 азæй 1996 азмæ Тыбылты Д.И. уыдис Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Латинаг Америкæйы департаменты референт. 1996 азæй 1999 азмæ уыд Венесуэлæйы Уæрæсейы Минæварады атташе æмæ уый фæстæ та – вице-консул. Зоны испайнаг æмæ англисаг æвзæгтæ.

Цхинвал, 2012 азы 26 декабр

 

06.12.2012