Хуссар Ирыстоны территорийыл гуырдзыстоны хотыхджын провокацийы фӕдыл
2012 азы сентябры, райсомӕй 3 сахаты ӕмӕ 40 минутыл, автоматикон ӕхсангард гранатаметӕй ӕхстӕуыдис Республикӕ Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон посты Дзауы районы карзманы хъӕуы. Хуссар Ирыстойнаг фарсы ‘рдыгӕй нӕ уыдис дзуаппон ахст, фӕлӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл агурыны мадзӕлтӕ ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы паддзахадон арӕны хаххмӕ хӕстӕг ахст ӕрцыдис Гуырдзыстоны мидхъуыддӕгты министрады службӕгӕнӕг, кӕцыйӕ ист ӕрцыдис НАТО-йаг хуызӕгы рауагъдгонд, йӕ хӕнтӕлы бынмӕ мА граматонӕй кӕмӕн уыдис, ахӕм автоматикон выправкӕ.
Цы инцидент ӕрцыдис, уымӕн тӕссаг провокацийӕ дарддӕр, ницы схонӕн ис ӕмӕ у гуырдзиаг хицауады политикӕйы фӕстиуӕг, кӕцытӕ фӕстаг мӕйты дӕргъы Республикӕ Хуссар Ирыстоны территорийы амарӕныл фылдӕр кодтой полицийӕгты ӕмӕ ӕфсӕддонты нымӕц.
Гуырдзыстоны архайдтыты сты паддзахадты ӕмӕ дунеон организациты ныхмӕ, кӕцытӕ здӕхт сты Хуссар Кавказы ӕдасдзинад ӕмӕ стабилондзинад ифтонг кӕнынмӕ.Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад тбилисаг хицауады ӕбӕрндзинады архайдтытӕ ӕвзӕрыл нымайгӕйӕ хъусын кӕны ӕндыгъддзинад аразыны ӕмӕ сын цы гӕнӕнуавӕг фӕстиуджытӕ уа, уыдон тыххӕй бӕрндзинад ӕвӕрд цӕуы Гуырдзыстоны хицауадыл.
Республикӕ Хуссар Ирыстон сабырад ӕмӕ стабилизацийы курсыл хӕст кӕй у, афтӕ ма дунеон-барадон хӕстӕ, сабырадӕй, тыхӕй мА спайда кӕныны хӕстӕ ‘ххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый бӕлвырд кӕнгӕйӕ, нымайӕм афтӕ, цӕмӕй дунеон ӕмӕхсӕнад карзӕй ӕсаргъ кӕна Гуырдзыстоны деструктивон ӕмӕ провакацион архайдтытӕ кӕй кӕны, уымӕн, цӕмӕй Тбилисӕн йӕ къух сисын кӕна ӕртхъирӕнты тӕссаг ӕмӕ ӕнӕперспективон эскалацийыл.
Цхинвал, 2012 аз 29 сентябр