2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ гуырдзыстоны гарзджын агрессийы цыппар азы фæстæ дæр ма регионы уавæр у вазыгджын, уымæн æмæ гуырдзиаг къухдариуæгады хъавд у, цæмæй сæххæст кæна егъаумасштабон провокацитæ. Гуырдзыстоны хицауиуæгад 2008 азы августы фæстиуджытæ ницæмæ даргæйæ, нæ уадзы йæ реваншистон зæрдæйыуаг.
Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнимæ амарæн чи у, Гуырдзыстоны уыцы территории æмæ Евроцæдисы миссийы æфсæддон цæстдарджыты бæрндзинады зонæмæ чи хауы, уым гуырдзиаг æфсæддонты нымæц. Уыцы нымæцы мА сæм бронетехникæ æмæ залпон ахсты системæтæ дæр бафтаугæйæ, кæнынц фылдæрæй-фылдæр. Ногæй та арæзт цæуынц фортификацион агъуыстытæ æмæ практикон æгъдауæй арæнгæрон æппæт цæрæн пункты цæттæ цæуынц хæцæнгарз æфснайæн æфтауудæттæ. Зыны дзы гуырдзиаг развæдсгарæг къорды архайды активизации. Нысан цæуы хотыхджын полицийæгты цалдæр сæдæгай метртæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæнты ‘рдæм æхæссыны фактмæ. Зардианткъарийы хъæуы куыд уыдис, афтæ.
Къæрцхъусдзинад æвзæрын кæны уый æмæ гуырдзиаг къухдариуæгад ситуации барæй кæй карз кæны, цæмæй йæ адæмы хъусдард, разæй цы парламентон æвзæрстытæ ис, уыдон размæ социалон политикон проблемæтæй аздаха æндæры ‘рдæм.Фæстаг рæстæджы парламентон æвзæрстыты йæ мидполитикон позицитæ сфидар кæныны сæраппонд дзыллон информацийы фæрæзты уагъд цæуы фæтыхджындæргонд кампании, кæцыты дзурынц æмæ дзурынц Уæрæсейы ‘рдыгæй тæссагдзинадыл. Гæнæн ис æмæ æвзæрстыты агъоммæ сæвзæргæ ситуацийон аргъ кæнгæйæ, хъавы, цæмæй уавæртæ сараза президент Саакашвили парламентон æвзæрстытæ, аивыны æмæ чрезвычайон разамынад кæныны мадзæлттæ бакæнынмæ.
Официалон Тбилиси арæхæй-арæхдæр адæмæн реалон æгъдауæй баххуыс кæныны басты ныфсытæ æвæры, цыма оккупацигонд цы территоритæ сты уыдон фæстæмæ раздæхдзæн. Августы агрессийы цыппæрæм азы хæдразмæ Гуырдзыстоны президент Михаил Саакашвили. Хуссар Ирыстонимæ амарæн хъæуты куы уыдис, уæд сын сæ цæрджытæн зæрдæ бавæрдта: « Мах æсиу кæндзыстæм нæ бæстæйы æмæ, куыдфæндыйæ дæр, раздæхдзыстæм нæ зæххыты».
Ахæм архайдтытæн æрмæстдæр æсаргъгæнæн ис, куыд провокацион æмæ ног дестабилизацийы уавæр чи æвзæрын кæны ахæмтыл.
Цхинвал, 2012 азы 20 сентябр