Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2012 азы 8 августы Цхинвалы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады инициативæйæ уагъд æрцыдис тымбыл фынг «Ирон ныхас». Дзырд цыд Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны 2008 азы августы хæстон агрессийыл, кæцыйы рæстæджы фæмард сты сæдæгай адæймæгтæ,уыдоны нымæцы дунеон мандатмæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны чи уыдысты, Уæрæсейы уыцы фидауынгæнæг тыхтæ дæр. Тымбыл фынгы куысты хайад райстой æввахс æмæ дард фæсарæнты ирон диаспораты минæвæрттæ.

Тымбыл фынгы хайадисджытæ фидарæй æвзæрыл банымадтой Гуырдзыстоны къухдариуæгады архайдтытæ, кæцытæ хъуыддаг æркодтой регионы бирæнымæц адæймæгты мæлæтмæ,пырхкæнын æмæ катастрофон гуманитарон ситуацимæ.2008 азы, августы, трагикон цауты цыппар азы цытæн уыдон дунейы æппæт паддзахадтæм æмæ дунеон организацитæм æрсидтысты,цæмæй уыдон дæр æвзæрыл банымайой Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны хæстон агрессии æмæ ахъаз кæной аххосджынты бæрндзинадмæ æркæнынæн.Тыхмиты кæцыфæнды хуызы ныхмæ дæр мА хъуамæ уа æвзаргæйæ æмæ дискриминацион, фæлæ глобалон, æппæтылæххæссæг æмæ фæдфæдылон.Уым хи хизын хъæуы дыууæ хуызон стандарттæй пайда кæнынæй.

Дунеон ахастыты фæстаг цаутæ æвдисæн сты уымæн æмæ уæрæх дунеон фарсхæцынад кæмæн ис, хъуыддагмæ уыцы бирæфарсон ахаст у нырыккон дунейы домæнтæн иууыл хуыздæр дзуапп чи дæтты, ахæм эффективон фæндаг.

Тымбыл фынгы хайадисджытæ стыр катайдзинадимæ дзыртой Сирийы цауты тыххæй æмæ, сæйраджыдæр та, Сирийы цы ирæттæ цæрынц æмæ цауты амæттæгтæ чи систы, уыдон уæззау уавæрты фæдыл, сæ хъуыды загътой конфликт политикон амæлттæй, æнæтугкалдæй æрбæстон кæныны фæдыл.
Фембæлды хайадисджытæ стыр бузныг загътой Уæрæсейы Федерацийы æмæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад чи банымадтой, уыцы иннæ бæстæтæн дæр. Уæрæсейы Федераци Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны операц сæххæст кæнгæйæ, Хуссар Ирыстоны адæмы фервæзын кодта æххæстæй сæ скуынæг кæнынæй æмæ 2008 азы 26 августы та банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Фембæлды хайадисджытæ загътой,зæгъгæ,Хуссар Ирыстоны адæмы къухты бафтыдис се’нусон бæллиц дыууын азы æндыгъд тохты, бирæ зиæнтты æмæ æнæфенгæ зын фæлварæнты аргъæй нымад æрцыдис сæ паддзахадон хæдбардзинад. Ныр ын шанс ис, цæмæй сараза æцæг хæдбар паддзахад, Уæрæсейы Федерацийы æмæ йын йæ хæдбардзинад чи банымадта, уыдоны ‘рдыгæй йын ис æууæнчы кредит.Республикæ Хуссар Ирыстон фидарæй сфæнд кодта, цæмæй цæуа сабыруарзаг, демократон æмæ дидинæфтауæг паддзахадон фæндагыл.

Фембæлды хайадисджытæ бафидар кодтой ахæм хъуыды,зæгъгæ, паддзахады политикæ хъуамæ бындуриуæг кæна хæдбардзинады æмæ суверенитеты æмæ паддзахады æндæр мидæггагон хъуыддæгты хи ма хæццæ кæныны, æмæ адæймаджы бартæ хъахъхъæныны, куыд адæмы социалон-экономикон рæзты æнæмæнгхъæуæг уавæр, афтæ.

Цхинвал, 2012 азы 8 августы

08.08.2012