Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Зардианткъарты (Гуырдзыстон) гуырдзиаг полицæйы пост ахæссыны фæдыл

2012 азы 29 июны Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрад йæ полицæйы пост ахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны аранмæ цалдæр сæдæ метры хæстæгдæр Зардианткъарты (Гуырдзыстон) хъæумæ, кæцы ис хуссарирыстойнаг хъæу Хелцуайы ныхмæ.Уый стыр æндыгъддзинад сæвзæрын кодта, ацы хъæуты цы ирон нациты адæймæгтæ цæрынц, уыдон æхсæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад тыхсы, гуырдзыйы ‘рдыгæй фарс цахæмфæнды амæлттæй дæр кæй архайы комкоммæдæр паддзахадон арæнмæ хæстæг ситуаци дестабилизаци кæнынмæ. Гуырдзыстоны æфсæддон потециал рæзын кæнын, йæ къухдариуæгады ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны æрдæм агрессивон риторикæ, арæнгæрон территорийыл æдзухон провокацитæ ууыл дзурæг сты, æмæ Гурдзыстоны хицауад барæй кæй карз кæны уавæр æмæ сæм кæй ис реваншистон пълæнттæ.

Серьезон претензитæ æвзæры Евроцæдисы цæстдарджыты миссимæ дæр, уымæн æмæ уæлдæр цы хъæуы кой скондæуыдис,уый территори ис сæ бæрндзинады зонæйы æмæ сæ хæс у Гуырдзыстоны ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны æдасдзинад ифтонг кæнын.

Полицийы пост паддзахадон арæны хаххмæ хæстæг æвæрд кæй æрцыдис, уый у æнæзакъонон æмæ дзы аххосджын сты растдæр цæстдарджыты мисси, сæ хъус æм кæй нæ дарынц, уый тыххæй.

Хуссар Ирыстон бирæ хæттыты сидтис Гуырдзыстонмæ арæны делимитаци æмæ демаркацийы фарст аскъуыддзаг кæнынмæ, кæцы радтаит арæнгæрон районты цæрджыты æдасдзинады фидар гарантийы фадат, фæлæ гуырдзиаг хицауиуæгад барæй сæхи тылиф кæнынц æмгуысткæнынадæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуддæгты министрад нымайы афтæ æмæ æрмæстдæр Гуырдзыстоны полицийы пост ахæссынæй ис гæнæн æмæ бынæттон цæрджытæ хызтгонд æрцæуой æндыгъдады рецидивтæй,афтæ ма фæдзæхст гуырдзиаг фарсы æнæрхъуыды архайддтæ дарддæр кæнынæй, кæцытæн, æнæмнг, сæ бон уыдзæн æмæ сæ фæдыл расайой регионы уавæр радон хатт фæкарздæр кæныны хъуддаг.

Цхинвал, 2012 азы 2 июл

03.07.2012