Арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр О.М. Барцицмæ Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады боны фæдыл

Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады боны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Олег Барцицмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1933 азы рухæны мæйы 30-æм бон абхазы адæм сæ сæрибардзинад æмæ Фыдыбæстæйы хæдбардзинады сæраппонд тохы рæстæджы равдыстой хъайтардзинад æмæ хъæддыхдзинад. Уæлахиздзинад ссис ахсджиаг цау Апсныйы паддзахадон суверенитет сфидар кæныны æмæ æхсæнадæмон банымады хъуыддаджы. 

Æфсымæрон Республикæ Абхазы Уæлахизы æмæ Хæдбардзинады бон Хуссар Ирыстонæн у уæлдай æввахс, уымæн æмæ æвдисы нæ иумæйаг хъысмæт æмæ суверенон паддзахадмæ тырнынад. Фидарæй мæ уырны, æппæт фадгуыты æмцæдисон бастдзинæдты дарддæры размæдзыд дзуапп кæй дæтдзæн нæ бæстæты интерестæн æмæ ахъаз кæй уыдзæн сæ райрæзтæн». 

30.09.2026