Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæраппонд референдум ауадзыныл дыууын азы сæххæсты охыл

2012 азы 19 январы дыууын азы сæххæст Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады æмæ Уæрæсеимæ баиу уæвыны тыххæй референдум уагъд куы ‘рцыдис, ууыл. Дыууын азы размæ хуссарирыстойнаг адæм сæххæст кодтой ахсджиаг политикон къахдзæф сæ паддзахиуæджы рæзты сæраппонд. Æппæтадæмон хъæлæсæппæрстæй, дунеон нормæтæ æххæст кæнгæйæ, æмæ раздæры ССР цæдисæй дунеон цæстдарджыты хайадистæй уагъд чи æрцыдис, уыцы референдумы адæм бахъахъхъæдтой хæдбар паддзахад саразыны æмæ партнерты стратегион фæдæздæхты сæраппонд сæ бартæ. Референдум ауадзынæй иу бон фæстæдæр – 1991 азы 21 декабры Советон Цæдис хæлд куы ‘рцыдис, уæд ист æрцыдис Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Деклараци.

1992 азы 19 январы Референдум уагъд æрцыдис Гуырдзыстоны ‘рдыгæй карз блокадон æмæ хæстон агрессийы уавæрты.

Референдумы хайадисджыты 99% хъæлæс радтой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй. Референдумы фæстиуджытæ иттæг ирдæй равдыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны хицауады политикон нысæнтты закъонондзинад æмæ адæмы консолидацийы бæрзонд æмвæзад.

Референдумы фæстæ 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет райста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад расидыны Акт.

1992 азы 19 январы референдумы адæм цы æмзæрдæдзинад равдыстой уый ногæй бафидаргонд æрцыдис 15 азы фæстæ 2006 азы 12 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй уагъдæрцæуæг референдумы дæр. Уый ирдæй дзурæг у ууыл æмæ хæдбардзинад æмæ Уæрæсемæ бахæстæг уæвын кæй у Гуырдзыстонимæ перманентон хæстыты иууыл уæззаудæр уавæрты ахъуыдыгонд кæуыл æрцыдис, нæ паддзахады рæзты фæдыл уыцы фæндондзинад.

2008 азы августы Уæрæсейы Федераци гуырдзиаг агрессорты сабырадыл кæй сразы кæнын кодта, радон хатт Хуссар Ирыстоны ныхмæ хæст кæй райдыдтæ, уымæ гæсгæ банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы фæстæ банымадтой къорд æндæр бæстæтæ дæр æмæ сæ нымæц рæзы дарддæр дæр.

Хуссар Ирыстон нымад кæй æрцыдис, уый йын йæ рæзтæн сарæзта ног фадæттæ. Ныр йæ æдасдзинадæн дывæрсыг бадзырдты бындурыл гарант у Уæрæсейы Федераци. Бæстæ, куыд уæндонæй цæуы социалон-экономикон рæзты фæндагыл. Хуссар Ирыстоны æттагон-политикон курс здæхт у æппæт бæстæтимæ дæр партнерон ахастытæ рæзын кæнынмæ.

Цхинвал, 2012 азы 19 январь
---------------------------------------------------------------------------------

№60
ВСЕНАРОДНОЕ ГОЛОСОВАНИЕ
(РЕФЕРЕНДУМ РЕСПУБЛИКИ ЮЖНАЯ ОСЕТИЯ)
"19" ЯНВАРЯ 1992 года
П Р О Т О К О Л №1
ЦЕНТРАЛЬНОЙ КОМИССИИ РЕФЕРЕНДУМА РЮО

В результате подсчета голосов при голосовании на референдуме Республики Южная Осетия по вопросу: "Согласны ли Вы, чтобы Республика Южная Осетия была независимой", участковая комиссия установила:

1.Общее число граждан, включенных в списки для голосования (устанавливает по основному и дополнительному спискам для голосования}_______________55.151
2.Число граждан, получивших бюллетени для голосования__________ ____53.441
3.Число граждан, принявших участие в голосовании (устанавливается путем подсчета бюллетеней, находившихся в ящиках для приема бюллетеней)______________________________________________________53.441
4.Число граждан, ответивших "ДА"___________________________________53.308
5.Число граждан, ответивших "НЕТ"_____________________________________48
6.Число бюллетеней, признанных недействительными _____________________85
Председатель комиссии: Дзиццойты Ю.А.
Зам. Председателя комиссии: Джиоев З.И.
Секретарь комиссии: Плиева Б.В.
Члены комиссии: Гобозов В.Ф.
Габараев В.Е.
Габуев Х.А.
Джиоев В.И.
Зассеев А.С.
Икаев Ю.Ч.
Кокоева Л.Г.
Кочиев В.М.
Кочиев Т.Г.
Петоев В.Г.
Тедеев А.И.
Толкачева В.В.
Хугаев Г.Г.
Цховребова Ж.В.

Протокол составлен: "24" января 1992 г.

17.02.2012