Хурхæтæны мæйы 18-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Джиоты Æхсар хайад райста СХО-йы ветеранты рухстауæн сесси «Хæзнатæ. Размæдзыд. Иудзинад»-ы, кæцы цæуы хурхæтæны мæйы 17-19 бонты Дзæуджыхъæуы.
Мадзал сарæзтой СХО-йы Ветеранты ассоциаци æмæ Æппæтуæрæсейон æхсæнадон æмбæстагон-патриотикон змæлд «Уæрæсейы Æнæмæлгæ полк» Президенты грантты фонды æххуысæй.
Рухстауæн сессийы фæлгæтты Джиоты Æхсар раныхас кодта лекци «Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны историон-культурон бастдзинад»-ы.
Йæ раныхасы Джиоты Æхсар банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмы кæй иу кæны арф, æнæзынгæ, фæлæ бындурон æмвæзадыл иумæйаг культурон код – æнусты дæргъы сфидаргонд дунеæмбарынад.
Афтæмæй ма спикертæ уыдысты Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур Историон хъуыдыкæнынады Национ центры Къухдариуæггæнæг Елена Малышева æмæ историон зонæдты доктор, профессор Бзарты Руслан.
Сессийы куысты хайад исы Хуссар Ирыстонæй делегаци, кæцыйы сконды 40 адæймагмæ æввахс.
2026 азы хурхæтæны мæйы 18-æм бон