Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары интервью газет «Хуссар Ирыстон»-æн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй 34 азы рацыды цытæн

А.М. Джиоев

 Æхсар Мураты фырт, дипломатон службæйы райрæзты кæцы этаптæ нымайыс æппæты ахсджиагдæртыл? Куыд æндавынц уыцы историон цаутæ йæ абоны уавæрыл?

– 34 азы – канд нымæц нæу, фæлæ æнæхъæн эпохæ. Дипломатон службæ рацыд зын фæндаг, кæцы æнгомæй баст уыд нæ паддзахады райрæзт, сæрибар æмæ хæдбардзинады сæрыл тохимæ. Гуырдзыстоны 'рдыгæй æнæрлæугæ агрессийы æмæ æхсæнадæмон банымады уавæрты тохы æддагполитикон уагдон хъуамæ суыдаид адæмы хъæлæс, цæмæй дунеон æмæхсæнадмæ фæхæццæ кæна йæ бартæ. Уыцы рæстæджы алы къахдзæфы бындуры дæр уыдысты фæцæрын æмæ паддзахаддзинад сфидар кæнын. Уыцы уавæрты æнæмæнг уыд уагдоны структурæ саразын, æддагон политикæйы бындурон принциптæ сфидар кæнын. Рæстæг уыд зын æмæ домдта профессионалондзинад, патриотизм æмæ хъæддыхдзинад.

Æнæдызæрдыгæй, нырыккон историйы æппæты ахсджиагдæр цаутæй иу ссис 2008 азы Уæрæсейы æмæ æндæр паддзахадты ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны банымад. Уыцы уынаффæйы фæрцы бæстæ æмæ йе 'ддагон политикæйæн фæзынд ног фадæттæ. Райдыдта официалон дипломатон ахастыты фидаркæнынад хæларадон бæстæтимæ, уый фадат ратта практикон æмархайд, фæлтæрддзинад æмæ иумæйаг куыстæн. РХИ-йы ФХъМ-æн сæйрагдæр принцип кæддæриддæр уыд æмæ у бæстæйы национ интерестæ æмæ суверенитеты хъахъхъæнынад. 

Æхсæнадæмон ахастыты ивгæдзинадмæ нæкæсгæйæ, РХИ-йы ФХъМ дарддæр кæны РХИ-йы позицитæ фидар кæнын æмæ хæларадон бæстæты нымæц фылдæр кæныны фæдыл куыст. 

Стыр бузныг дзурын, æндæр æмæ æндæр азты нæ уагдоны чи куыста, æппæт уыдонæн. Уæлдайдæр, РХИ-йы ФХъМ сæрысуангæй чи райдыдта аразын, йæ тыхтæ чи радта йæ райрæзтмæ. Сæ фæлтæрддзинад æмæ куырыхондзинадæн мах кæнæм стыр аргъ. Ацы бон мах æрымысæн æмæ цыт кæнæм нæ коллегæтæн, кæцытæ немæ нал сты. Уыдон нымæцы Гаглойты Юрий, профессор, ахуыргонд-историк, кæцы лæууыд министрады сæргъ 1996-1998 азты. 

 Ныры геополиткон уавæрты уæлдай ахсджиаг у æддагполитикон уагдоны куыст. Цавæр сæйраг фарстатæ лæууынц ФХъМ-йы раз абоны бон?

– ФХъМ у æддагон политикæйы сæйраг иуæг, кæцы здæхт у национ интерестæ хъахъхъæнын, суверенитет сфидар кæнын æмæ республикæйы размæдзыдæн уавæртæ аразынмæ. Республикæ арæх æмбæлы информацион æндæвдад æмæ дискредитацийы фæлварæнтимæ. Уыцы уавæрты уагдоны ахсджиаг хæс у дезинформацийы ныхмæ архайд, æхсæнадæмон аренæйыл Хуссар Ирыстоны тыххæй раст информацийы парахат. 

РХИ-йы æдасдзинадæн сæйрагдæр тæссагдзинад цæуы æмæ цыд Гуырдзыстонæй. Регионы эскалаци комкоммæ гæнæн ис бандава Хуссар Ирыстоныл æмæ уый фæстиуæгæн сæвзæрын кæна ног тæссагдзинад. Уæрæсейаг коллегæтимæ æнгом æмархайды мах æвзарæм уæвæг цаутæ, уыдоны ‘хсæн Фæскавказы æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хайадист. Гуырдзыстон разы кæй нæу Хуссар Ирыстоны 'рдæм тыхæй ма спайда кæныны фæдыл юридикон хæсджынгæнæг документ бафыссынмæ, уый уæлдай ахсджиагдзинад дæтты ацы фарстайæн. 

Тыхæй ма спайда кæныны фæдыл хæс юридикон хуызмæ ракæныныл хи атигъ кæнын æвзæрын кæны æндыгъд уавæр. 

Женевæйы дискусситæ – иунæг ахæм формат, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазæн Гуырдзыстонимæ комкоммæ диалог цæуа. Æрмæстдæр диалогы хуызы ис саразæн фидар бындур æмгуыстад æмæ конфликттæ ма бауадзынæн. Мах абхазаг æмæ уæрæсейаг партнертимæ иумæ стæм ацы форматы куыст дарддæр кæныны ‘вварс. 

– Уæрæсе у нæ сæйрагдæр æмцæдисон. Уæрæсейы Федерациимæ æмгуыстады кæцы здæхтытæ сты сæйрагдæр?

 Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейæн рагæй фæстæмæ ис æнгом ахастытæ, кæцытæ бындуриуæг кæнынц æууæнкдзинадыл. РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн стратегион партнерад ахъаз у стабилондзинад æмæ республикæйы райрæзтæн. Нæ бæстæты 'хсæн æмархайд ис бæрзонд æмвæзадыл æмæ æндавы алыхуызон здæхтытыл. Уæлдай нысаниуæг ис æдасдзинады фадыджы æмгуыстадæн. Уæрæсейаг æфсæддонтæ, кæцытæ сты Хуссар Ирыстоны æхсæнпаддзахадон бадзырдадтæм гæсгæ, ахъаз сты регионы сабырад æмæ стабилондзинад хъахъхъæнынæн. Уæрæсе активонæй æххуыс кæны Республикæйы социалон-экономикон размæдзыдæн. Уыцы 'ххуыс здæхт у иумæйаг проекттæ æмæ мадзæлтты фæрцы æнæниздзинадхъахъхъæнынады системæйы размæдзыд, культурон æмæ спортивон бастдзинæдты сфидаркæнынады хъуыддагмæ. 

Æхсæнадæмон фæзуатты РХИ-йы интерестæ размæ кæнын æмæ йæ суверенитет фидар кæныны хъуыддагмæ уæзгæ у Уæрæсейы хайбавæрд. Нæ министрадты 'хсæн цæуынц консультацитæ, уымæй дарддæр ма РХИ-имæ конструктивон ахастытæм цы бæстæтæ сты цæттæ, уыдонимæ цæуы диалог æрбæстон кæныны фæдыл куыст. 

Бузныг стæм Уæрæсейæн йе ххуысы фæдыл æмæ ныфс дарæм, дарддæр дæр не 'мгуыстад кæй фидар кæндзæн æмæ рæздзæн. Ахсджиаг цау ссис РХИ-йы Президент Гаглойты Аланы балц Мæскуымæ æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахиздзинадæй 81 азы рацыды цытæн мадзæлтты хайадист, УФ-йы Президент Владимир Путинимæ фембæлд, кæцыйы фæлгæтты бафыстгонд æрцыд РХИ æмæ УФ-йы 'хсæн Æмархайд ауæрæх кæныны фæдыл бадзырд. 

– Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадтой къорд бæстæйы. ФХъМ цы къахдзæфтæ аразы уыцы бæстæтимæ дипломатон ахастыты размæдзыд æмæ райрæзтæн?

– Къорд паддзахадты 'рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад ссис ахсджиаг къахдзæф йæ суверенитеты сфидаркæнынад æмæ дунеон æмæхсæнадмæ интеграцийы фæндагыл. 

РХИ-йы ФХъМ активонæй дарддæр кæны йæ хæдбардзинад йын цы паддзахадтæ банымадтой, уыдонимæ дипломатон ахастытæ уæрæх кæныны фæдыл куыст, афтæмæй ма аразы уавæртæ æддагполитикон бастдзинæдтæ парахат кæнынæн. Хуссар Ирыстон тырны алкæцы паддзахад-партнеримæ дæр дипломатон ахастытæ сфидар кæнынмæ. Уый гом кæны ног фадæттæ экономикон æмархайд, культурон бастдзинæдты сфидаркæнынадæн, кæцытæ ахъаз сты адæм æрбангом кæнын, туризмы размæдзыд æмæ РХИ-йы хъæздыг культурæимæ зонгæ кæнынæн. 

– Цы къахдзæфтæ цæуы арæзт, цæмæй фылдæр паддзахадтæ банымайой республикæйы хæдбардзинад?

– Хуссар Ирыстонæн ахсджиаг у дунейы алыхуызон бæстæтимæ дæр хæларадон ахастытæ сфидар кæнын æмæ бастдзинæдтæ размæ кæнын. Уæлдай нысаниуæг ис культурон диалогы райрæзтæн. Уый тыххæй архайынц РХИ-йы ФХъМ-йы минæвæрттæ алуыхуызон бæстæты, уый нымæцы Италийы дæр, кæцы «хид»-ы хуызы æнгом кæны адæмты. Растдæр культурон хидты уылтыл мах фидар кæнæм æцæг хæлардзинад. Уый нымæцы белорусаг партнертимæ бастдзинæдты дарддæры активизаци, Уæрæсе æмæ Беларусы Æмцæдисон паддзахады структурæтимæ æмархайд, фыццаджыдæр, культурон æмæ гуманитарон фадгуыты, афтæмæй ма Æмцæдисон паддзахады Парламентон æмбырды хаххыл æхсæнпарламентон æмгуыстад. 

Хуссар Ирыстон гом у æппæт дунейæн, мах цæттæ стæм канд нæ культурæйы тыххæй дзурынмæ нæ, фæлæ ма æндæр адæмты культурæимæ зонгæ кæнынмæ дæр. Фидарæй нæ уырны, культурон бынтæн аргъ кæныны фæрцы кæй ис саразæн бындурон ахастытæ. Уæлдай хъусдард здæхт цæуы, Хуссар Ирыстонимæ ахастыты размæдзыдмæ цы бæстæтæ тырнынц, уыдонимæ æмгуыстадмæ. 

ФХъМ кусы ууыл, цæмæй дунейы æмæхсæнад зона раст информаци РХИ-йы тыххæй. Фæсарæнты ирон диаспорæимæ æмарахайд у æддагон политикæйы ахсджиаг иуæг. Диаспорæйы минæвæрттæ æнтысджынæй æххæст кæнынц республикæйы минæвæртты функцитæ æмæ ахъаз сты бæстæйы тыххæй раст информаци парахат кæнынæн. 

Æмбарæм, æхсæнадæмон банымады процесс кæй у зын æмæ бирæвæрсыг. Фæлæ фæстиуæгджын куысты фæрцы республикæ тырны дунеон аренæйы йæ хайадист уæрæхдæр кæнын æмæ йæ суверенитет фидар кæнынмæ. Уæвæг зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, ацы фадыджы куыст дарддæр цæудзæн. 

– Уавæр Æввахс Скæсæны у æндыгъд. Уыцы процесстæ искуыд бандавдзысты РХИ-йы æдасдзинадыл?

– Æввахс скæсæны уавæр у æцæгæйдæр тынг æндыгъд. Ацы регионы конфликттæ æвзарын кæнынц тыхстдзинад. Глобалон ивындзинæдтæ уæддæр бандавынц æппæт бæстæтыл дæр. Æввахс Скæсæны дестабилизаци гæнæн ис æмæ æркæна террористон къордты активизацимæ, се 'ндæвдады парахатмæ – æппæт уыдæттæ тæссаг сты стабилондзинад æмæ æдасдзинадæн. Æввахс Скæсæны геополитикон ивындзинæдтæ бандавдзысты канд дунейы æдасдзинадыл нæ, фæлæ ма нæ регионыл дæр. 

Æввахс Скæсæн – регион, цыран рагæй фæстæмæ æмбæлынц бирæ паддзахадты æмæ æддагон тыхты интерестæ. Хуссар Ирыстоны æдасдзинад бирæбæрцæй аразгæ у йæ сыхæгты æмæ, фыццаджыдæр, сæйраг партнер – Уæрæсейы стабилондзинадæй. 

РХИ-йы æддагполитикон курс здæхт у Уæрæсеимæ ахастытæ фидаркæнынадмæ, кæцы у йе 'дасдзинад æмæ стабилондзинады гарант. 

– Цавæр хæстæ лæууынц Министрады раз кусджыты профессионалон размæдзыды æмæ фæлтæрддзинад дипломатты æвзонг фæлтæрмæ адæттыны фадыджы?

– РХИ-йы ФХъМ æдзухдæр лæуд у йæ размæдзыды фæндагыл. Министрады раз лæууы куыст размæ кæныны æмæ дипломатон службæйы райрæзты хæстæ. Дипломатимæ канд политикон фарстатæ нæ хауы, фæлæ ма æнæмæнг у базарадон бастдзинæдтæ, культурон æмæ ахуырадон программæтæ размæ кæнын, кæцытæ ахъаз сты æндæр бæстæтимæ æмгуыстад фидар кæнынæн. 

Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы дарддæры размæдзыд уынæм, куыд фæстиуæгджын процесс, кæцы бындуриуæг кæны профессионализм æмæ дипломатон куысты фæлтæрддзинадыл. Æрмæстдæр афтæ уагдон æххæст кæндзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ хъахъхъæнын æмæ размæ кæныны фæдыл йæ разы æрæвæргæ хæстæ. 

https://ugo-osetia.ru/obshhestvo/nashi-intervyu/ahsar-dzhioev-naczionalnye-interesy-i-suverenitet-glavnyj-prioritet-mid-ryuo

28.05.2026