Нæ хъус æрдардтам Европæйы къамисы Сæрдар Урсула Фон дер Ляйены раныхасмæ, кæцы комкоммæ банысан кодта, Европæ кæй хъавы политикон æгъдауæй сириаг хицауадыл бандавынмæ. Уый баст у Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ ахастытæ фæивынимæ.
Ахæм фидиуæнтæ нымайæм æхсæнадæмон барады æппæт нормæты ныхмæ æмæ хæдбар паддзахадты мидхъуыддæгтыл, афтæмæй ма суверенон уынаффæтыл æндæвдад. Фон дер Ляйен йæ архайдтытæй халы Европæйы демократийы бындур æмæ традицион принциптæ, кæцытæ бынтондæр рохуаты баззадысты.
Хъыгагæн, «размæдзыд Европæйæн» ахсджиагдæр у дывæр стандартты политикæ æмæ нацизмы парахат. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæм сæ туджы аргъæй бахъахъхъæдтой сæ зæххыл цæрыны бар, æмæ нæдæр Фон дер Ляйен, нæдæр Европæ скъуыддзаг кæны, цавæр хъуамæ уа сæ фидæн, уый.
2026 азы рухæны мæйы 17-æм бон