Рухæны мæйы 9-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныныл æххæст кæны 17 азы.
Æвддæс азы размæ цаутæ æрæвæрдтой фидар бындур хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æппæтварсон æмгуыстадæн. Хæлардзинад æмæ адæмы 'хсæн æнгомдзинадыл бындуриуæг кæнгæйæ, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе чысыл рæстæгмæ стратегион партнерады фадыджы сфидар кодтой ахастытæ, кæцытæ арæзт сты æууæнк æмæ æххуысы принциптыл.
Абоны зын уавæрты Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хæларадон ахастытæ рæзынц æмæ тырнынц дарддæр дæр æппæтварсонæй фидар кæнын хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æмгуыстад, кæцы дзуапп дæтты дыууæ хæларадон бæстæ æмæ адæмы интерестæн.
Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 17 азы рацыды фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары номæй арфæйы фыстæг арвыстæуыд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ.
2025 азы рухæны мæйы 9-æм бон