Сусæны мæйы 5-æм бон Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæ нысан кæны Хæдбардзинады бон. Ацы бон 1811 азы Венесуэлæйы Национ конгрессы депутаттæ бафыстой испайнаг коронæйæ Хæдбардзинады деклараци.
Венесуэлæйы национ бæрæгбоны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Иван Хиль Пинтомæ.
Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:
«Венесуэлæйы хъайтар адæмы историйы Хæдбардзинады декларацийы бафысты бон ссис сæрибардзинад, национ иудзинад æмæ рæстдзинады символ. Ацы бон – 1811 азы сусæны мæйы 5-æм бон – Венесуэлæ райдыдта иугонд паддзахады арæзтад.
Бæстæ, кæцы балæвар кодта дунейæн ахæм зынгæ хъайтарты, куыд Франсиско Миранда, Симон Боливар, Уго Чавес, абоны бон дæр стыр аргъ кæны йæ историйæн, фидæны сæрибар царды хæрзиуæгæн хъахъхъæны йæ адæмы интерестæ».
Ацы ахсджиаг боны фæдыл ма Джиоты Æхсар арвыста арфæйы фыстæг Боливариайнаг Республикæ Венесуэлæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Хесус Рафаэль Саласар Веласкесмæ.