Хурхæтæны мæйы 3-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар райста йæхимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министрады Минæвар Австрийы Республикæйы Патрик Поппелы, кæцы кусæгон балцимæ ис Цхинвалы.
Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд æмархайд ауæрæх кæнын æмæ æхсæнадæмон бастдзинæдтæ сфидар кæныны фарстатыл. Патрик Поппель бæстонæй радзырдта Республикæ Хуссар Ирыстоны истори æмæ культурæйы тыххæй информаци дунейон æмæхсæнадмæ бахæццæ кæныны фæдыл йæ архайдыл.
Джиоты Æхсар бузныджы ныхæстæ загъта Патрик Поппелæн йæ активон куысты фæдыл.
Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы Минæвар Австрийы йæ балцы рæстæджы бабæрæг кодта Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет, афтæмæй ма РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры брифинг æмæ ÆИА «Sputnic Хуссар Ирыстон»-ы радиойы дзуапп радта журналистты фарстатæн.
2025 азы хурхæтæны мæйы 3-æм бон