Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ Æмсæрдæрттимæ фембæлды тыххæй

Рабочая встреча с Сопредседателями МДЗ
Рабочая встреча с Сопредседателями МДЗ

Хурхæтæны мæйы 3-æм бон Цхинвалы ацыд Фæскавказы Æдасдзинад æмæ стабилондзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы хуссарирыстойнаг делегацийы фембæлд ЕЦ, ОБСЕ æмæ ИНО-йæ Æмсæрдæрттимæ. 

Фембæлды рæстæджы æрдзырдæуыд хурхæтæны мæйы 25-26 бонтæм снысангонд Дискусситы 64 раунды актуалон фарстатыл. 

Регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинад сфидар кæныныл дзургæйæ, хуссарирыстойнаг фарс ногæй бахахх кодта юридикон æгъдауæй хæсджынгæнæг документыл куыст сног кæныны ахсджиагдзинад, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстонæн Хуссар Ирыстоны ‘рдæм тыхæй спайда кæныны бар нæй. 

Нысангонд æрцыд Инциденттæ аиуварс кæныны æмæ сæм афоныл хъус æрдарыны фæдыл иумæйаг механизмы ахсджиагдзинад хуссарирыстойнаг-гуырдзиаг арæны стабилондзинад бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Æрдзырдæуыд Механизмы куысты ахадындзинад æмæ уыцы форматы «тæвд хахх»-ы архайдыл.

Гуманитарон фарстайыл дзургæйæ, уæлдай хъусдард аздæхтæуыд Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй æбæрæгæй чи фесæфт, уыдон хъысмæтмæ.

Сæвзæргæ уавæртæ хынцгæйæ, равдыстæуыд цæттæдзинад фæстиуæгджын куыст дарддæр кæнынмæ. 

2025 азы хурхæтæны мæйы 3-æм бон

03.06.2025