Зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстон нысан кæны Паддзахадон хæдбардзинад расидыны акты райстæй 33 азы рацыды бон.
Ацы документы райст æнæмæнг уыд хи паддзахад саразынæн, Хуссар Ирыстоны адæмы бартæ бахъахъхъæнынæн. Хæдбардзинады акт здæхт уыд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æдзухон геноцидæй адæмы фервæзын кæнынмæ. Уæдæй фæстæмæ райдыдта Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæтварсон райрæзт æмæ размæдзыд.
1992 азы тъæнджы мæйы 19-æм боны референдумы хатдзæгтыл бындуриуæг кæнгæйæ, Хæдбардзинады акт ссис уæлахиздзинад æмæ хуссарирыстойнаг адæмы иудзинады æвдисæн.
33 азмæ Хуссар Ирыстон рацыд зын фæндагыл, æмбæлд бирæ цæлхдуртыл. Уыимæ иумæ паддзахадон суверенитет æмæ хæдбардзинадимæ нæ бæстæ æмæ адæмы авналæнтæ ауæрæх сты. Сфидаргонд сты паддзахадон символтæ, хуссарирыстойнаг адæмæн сæхицæн фæзынд культурон, ахуырадон æмæ монон фарстатæ скъуыддзаг кæныны фадат, арæзт æрцыдысты ног паддзахадон институттæ, гæрзифтонг тыхтæ.
Хуссарирыстойнаг адæмы историон барад æмæ суверенон паддзахад саразынмæ тырнынад райста официалон æхсæнадæмон банымад Уæрæсейы Федераци æмæ æндæр бæстæты 'рдыгæй.
Фидæны фæлтæртæ æдзухдæр хъуамæ бузныг уой æмæ сæ зæрдыл дарой нæ Республикæ расидын æмæ йæ аразыны чидæриддæр иста хайад, æппæт уыцы адæмы.
Абоны бон Хуссар Ирыстон лæууы ног зындзинæдты раз. Дунейы цæхгæр ивындзинæдты рæстæджы ахсджиаг у, цæмæй нæ паддзахад, йæ иудзинад хъахъхъæнгæйæ æмæ хæдбардзинады принциптыл бындуриуæг кæнгæйæ, рæза æмæ размæ цæуа.
2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 29-æм бон