Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары æмæ Донецкы уæвæг Уæрæсейы ФХъМ-йы Минæварады хайадистимæ видеоконференцийы фæдыл

Видеомост с участием МИД РЮО и Представительства МИД РФ в Донецке
Видеомост с участием МИД РЮО и Представительства МИД РФ в Донецке
Видеомост с участием МИД РЮО и Представительства МИД РФ в Донецке

Зæрдæвæрæны мæйы 27-æм бон Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ацыд видеоконференци Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты Министр Джиоты Æхсар æмæ Донецкы уæвæг Уæрæсейы ФХъМ-йы хайадистимæ. 

Хуссарирыстойнаг фарсæрдыгæй мадзалы хайад райстой РХИ-йы ФХъМ-йы Æвзонг дипломатты советы Сæрдар Санахъоты А.Г. æмæ Министрады кусджытæ – ÆДС-йы уæнгтæ. Донецкы Адæмон Республикæйы фарсæрдыгæй хайад райстой Донецкы уæвæг Уæрæсейы ФХъМ-йы Минæварады Къухдариуæггæнæг Н.С. Михайлова, Минæварады Уынаффæгæнæг М.Ю. Глебов, афтæмæй ма Фæсивæдон дипломатийы Донецкы центр «ЛЕГАТУС»-ы минæвæрттæ. 

Дыууæ фарс дæр арфæйы ныхæстæ загътой кæрæдзийæн. УФ-йы ФХъМ-йы Минæварады Къухдариуæггæнæг Н.С. Михайлова раарфæ кодта Министр Джиоты А.М. æмæ Министрады кусджытæн æрцæугæ профессионалон бæрæгбон – Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сырæзтæй 33 азы рацыды фæдыл. Министр Джиоты А.М. банысан кодта, абоны видеоконференци кæй суыдзæн Хуссар Ирыстоны ФХъМ-йы ÆДС-йы æмæ Донецкы Адæмон Республикæйæ æвзонг дипломатты 'хсæн дæргъвæтин æмгуыстадæн фыццаг къахдзæф. 

Видеоконференцийы рæстæджы ма Министр Джиоты А.М. дзуапп ратта Фæсивæдон дипломатийы центр «ЛЕГАТУС»-ы студентты фарстатæн Хуссар Ирыстоны æддагон политикæ, афтæмæй ма æвзонг дипломаты ахсджиагдæр миниуджыты фæдыл. 

2025 азы зæрдæвæрæны мæйы 27-æм бон

 

28.05.2025