Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовы пресс-конференцийы фæдыл

Пресс-конференция А.М. Джиоева и М.М. Кулахметова

Тæргæйтты мæйы 18-æм бон пресс-центр Sputnik-ы ацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметовы пресс-конференци, кæцы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы 'хсæн Хæларад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды бафыстæй 10 азы рацыды цытæн. 

Пресс-конференцийы рæстæджы æрдзырдæуыд Бадзырды фæлгæтты 10 азы дæргъы æмгуыстад, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн æмархайды ныры уавæр æмæ дарддæры размæдзыды фарстатыл. 

Нысангонд æрцыд, Бадзырд кæй у Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмты 'хсæн хæларады размæдзыд æмæ фидаркæнынады, дывæрсон æмархайды фидар барадон бындур. 

2025 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон

18.03.2025