Абон Хуссар Ирыстоны агурынц Ереды трагедийы чи фæмард, уыдон рухс нæмттæ. Ирыстоны ног историйы уый у æппæты æгъатырдæр æмæ æбуалгъдæр фыдракæндтæй иу.
1991 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон Ереды хъæумæ хæстæг гуырдзиаг лæгсырдтæ бацахстой автомашинæ «Урал» æмæ дзы рахизын кодтой 25 ирон адæймаджы. Сылгоймæгтæ æд сывæллæттимæ куыддæрты фервæзтысты, фæлæ дзы 12 нæлгоймагæн фæфыдмитæ кодтой, уый фæстæ сæ удæгасæй баныгæдтой æмæ сын сæ бынат бульдозерæй сраст кодтой.
34 азы размæ ‘рцæугæ тугæйдзаг æмæ æгъатыр цауæй абоны бон дæр зæрдæ ныккæрзы, уый у ирон адæмы æнæбайгас хъæдгом.
Æбуалгъ трагедийы амæттæгты рухс ном аргæйæ, мах ныфс ис, ацы æгъатыр фыдракæнд аразджытæ кæй бавзардзысты аккаг æфхæрд.
Тæргæйтты мæйы 18-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Министрады кусджытæ хайад райстой Ереды трагедийы фæмардуæвджыты мысæн митингы æмæ дидинтæ сæвæрдтой иумæйаг уæлмæрдмæ.
2025 азы тæргæйтты мæйы 18-æм бон