Нæ хъус æрдардтам Гуырдзыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мака Бочоришвилийы загъд ныхæстæм испайнаг агентад EFE-йæн йæ интервьюйы, кæцыйы банысан кодта гуырдзиаг зæронд-ног æддагон политикæйы афтæ хуыйнæг «æвдисæндартæ». Сæрмагондæй, банысан кодта, зæгъгæ, «йæ бæстæйы нал хъæуы ног хæст Уæрæсеимæ, фæлæ НАТО, афтæмæй ма Европæйы Цæдисы скондмæ бахизыны ныхмæ нæу». Уыимæ иумæ гуырдзиаг дипломатийы сæрдар радон хатт уавæр нæ ауагъта, æмæ та Хуссар Ирыстоны 'рдæм спайда кодта термин «сепаратистон регион»- æй, афтæмæй ма Уæрæсейы 'рдыгæй афтæ хуыйнæг оккупацигонд гуырдзиаг территоритæ – Хуссар Ирыстон æмæ Абхази – «национ территорийы 20%».
Æмæ та ногæй М. Бочоришвилийы хъус дарæм йæ раздæры фидиуæнтæм. Бæрæг куыд у, афтæмæй уыцы фидиуæнтæ уыдысты æрмæстдæр æвзæрстыты размæ рæсугъд ныхæстæ.
Йæ интервьюйы реализмы эпохæйы æрлæудыл дзургæйæ, Гуырдзыстоны ФХъМ-йы сæрдар ферох кодта 2008 азы майрæмты мæйы фæстæ регионы цы уавæр сæвзæрд, уый, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы хæдбардзинады банымад, Х. Тальявинийы æхсæнадæмон къамисы фæстиуджытæ, кæцытæ банымадтой агрессорыл Гуырдзыстоны, Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон дискусситы ахсджиагдзинад, кæцыты сæйрагдæр хæс у регионы фидар æдасдзинад бахъахъхъæнын æмæ мауал бауадзын ног хæстон архайдтытæ æмæ афтæ дарддæр.
Куыд уынæм, афтæмæй ныртæккæ Гуырдзыстонæн сæйрагдæр у НАТО-йы скондмæ бахизын, ЕЦ-имæ бастдзинæдтæ скæнын.
Хуссар Ирыстон равзæрста йæ историон райрæзты æндæр фæндаг æмæ здæхт у хæларадон бæстæтимæ æмгуыстады размæдзыдмæ, Уæрæсейы Федерациимæ ахастытæ фидар кæнынмæ, кæцы у сабырад æмæ æдасдзинады иунæг гарант.
2025 азы тæргæйтты мæйы 6-æм бон