Æртхъирæны мæйы 25-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста тымбыл фынг «Мемориалон дипломати куыд фæссоветон бæстæты адæмы иумæйаг истори бахъахъхъæныны фæрæз»-ы куысты.
Мадзал бацæттæ кодта Тыбылты Алыксандыры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университет (ХИПУ) Цæгат Кавказы Федералон университетимæ иумæ (ЦКФУ).
Тымбыл фынджы бакастæуыд докладтæ ахæм темæтимæ, куыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Хуссар Ирыстоны хайадист, фæссоветон тыгъдады адæмы сгуыхтдзинад æмæ хъайтарты рухс ном бавæрын, афтæмæй ма историон цаутæ зыгъуыммæ кæнын æмæ афтæ дарддæр.
2025 азы æртхъирæны мæйы 25-æм бон