Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары хайадисты фæдыл Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзуаппдæттæн коллегийы рабадты

Отчетная Коллегия МИД ПМР
Отчетная Коллегия МИД ПМР
Отчетная Коллегия МИД ПМР

Æртхъирæны мæйы 20-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзуаппдæттæн коллегийы рабадты, кæцы ацыд æддагполитикон уагдоны 2024 азы куысты фæдыл. 

Мадзалы хайад райстой ПМР-йы Президент В.Н. Красносельский, ПМР-йы Уæлдæр Советы æмæ Хицауады къухдариуæгад, ПМР-йы министрадты æмæ уагдæтты сæргълæуджытæ, Уæрæсейы Федерацийы Минæварады минæвæрттæ, РХИ-йы Официалон Минæварады Сæрдар ПМР-йы æмæ æндæр хайадисджытæ. 

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.В. Игнатьев йæ доклады банысан кодта Приднестровьейыл æппæрццагæй чи æндавы, ахæм æртæ сæйраг иуæгы: глобалон æмæ регионалон ивгæдзинад, æрбæстон кæныны æхсæнадæмон процессы аразгæ кризис, кæцы зындгонд у, куыд «5+2»-йы формат, æмæ адæймаджы бартæ халынимæ, Молдовайы 'рдыгæй уæрæх æндæвдад. 

Джиоты Æхсар банысан кодта, абоны бон Приднестроваг Молдаваг Республикæ цы зын фæлварæнтимæ æмбæлы, уыдонмæ нæкæсгæйæ, Хуссар Ирыстон цæттæ кæй у дывæрсон ахастыты дарддæры фидар кæнынмæ.

ПМР-йы Президент Вадим Красносельский ПМР-йы ФХъМ-йы архайд банымадта ахсджиагыл, уый бæрæг у 2024 азы хатдзæгтæм гæсгæ. 

2025 азы æртхъирæны мæйы 20-æм бон

20.02.2025