Цыппурсы мæйы 12-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар бабæрæг кодта Уæрæсе æмæ Никарагуайы ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæнынæй 80 азы, афтæмæй ма дыууæ бæстæйы ‘хсæн Хæларады бон сфидар кæнынæй 9 азы рацыды цытæн цытджын мадзал, кæцы ацыд Уæрæсейы ФХъМ-йы Культурон центры.
Мадзалы раныхас кодтой Дыууæ бæстæйы ‘хсæн æмгуыстады фæдыл æхсæнадæмон барадон къамисы уæрæсейаг æмæ никарагуайаг фарсæрдыгæй æмсæрдæрттæ, Уæрæсейы ФМБА-йы Къухдариуæггæнæг Вероника Скворцова æмæ Уæрæсеимæ æмархайды фæдыл Никарагуайы Президенты Сæрмагонд минæвар Лауреано Ортега, афтæмæй ма Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры Хæдивæг Сергей Рябков. Бахаххгонд æрцыд уæрæсейаг-никарагуайаг ахастыты ахсджиагдзинад, кæцытæ бындуриуæг кæнынц иумæйаг æмархайдыл.
Джиоты Æхсаримæ фембæлды рæстæджы Лауреано Ортега загъта арфæйы ныхæстæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланæн.
Цытджын мадзалы официалон хай адарддæр кодта концертон программæ.
Цхинвал, 2024 азы цыппурсы мæйы 13-æм бон