Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

Абон 2011 азы 20 сентябры Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц Республикæ Хуссар Ирыстоны сырæзтыл 21 азы сæххæсты сæраппонд бæрæгбонон мадзæлттæ.Хуссар Ирыстоны адæм цыппæрæм хатт нысан кæнынц сæ историйы банымадгонд паддзахады уавæрты ацы зæрдылдарæн бон.

Республикæйы Бон бæрæгбон кæнынмæ æрхаудис уæрæсейаг-хуссарирыстоæнаг форум ахæм номимæ: «Эффективон экономикæйы уылты нырыккон паддзахад саразын»,кæцы уагъд цæуы Цхинвалы.Форумы фæлгæтты къухтæ фыст æрцыдысты фондз дывæрсыг документыл:

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады омæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн бастдзинады информацион технологиты æмæ массон коммуникациты æмкуысткæнынады фадыджы,хъæууон хæдзарады фадыджы кæрæдзи æмбарынады Меморандум Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты министрады æмæ Уæрæсейы Федерацийы хъæууон хæдзарады министрады ‘хсæн,2012 азæн туризмы фадыджы æмархайд Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикон рæзты министрады æмæ туризмы фæдыл Федералон агентады спорты æмæ туризмы фæсивæдон политикæйы министрады ‘хсæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Базарадон-сæудæджерадон палатæйы æмæ Уæрæсейы Федерацийы Базарадон-сæудæджерадон палатайы ‘хсæн 2011 азæй 2012 азмæ рæстæджы План.

Хъуыддагон форумы куысты рæстæджы Уæрæсейы делегацийы сæргълæууæг-Президенты Администрацийы сæргълæууæг с Е.Нарышкин Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А.Медведевы номæй Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон хорзæхтæ радта Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастыты рæзтмæ се стыр хайбавæрды тыххæй.

Цхинвал, 2011 азы 20 сентябр

20.09.2011