Кæфты мæйы 11-æм бон Женевæйы ИНО-йы Адæймаджы барты фæдыл Совет ЕЦ, Болгари, Япони, Люксембург æмæ Финляндийы делегациты æххуысæй райста резолюци «Гуырдзыстонимæ æмгуыстад», кæцыйы ис афтæ хуыйнæг гуырдзиаг территориты оккупаци æмæ «Гуырдзыстоны Абхазаг æмæ Цхинвалы регионты адæймаджы бартæ халыны» фæдыл мæнг тезистæ.
Дискуссийы хайадисджытæн сæ зæрдыл лæууын кæнæм ИНО-йы Уагæвæрд, сæрмагондæй уый, æмæ адæм сæхæдæг кæй æвзарынц сæ хъысмæт. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæм уыцы къахдзæф сарæзтой. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз сты ИНО-йы уæнгты, фыццаджыдæр, Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нымад паддзахадтæ, æмæ Уæрæсейы Федераци та у ИНО-йы Æдасдзинады советы æнæаивгæ уæнг. Уымæ гæсгæ «гуырдзыстоны территориты оккупацийы» фæдыл алыхуызон ныхæстæн бынтондæр ницы мидис ис.
Адæймаджы бартæ халыны фæдыл «тыхстдзинады» тыххæй та хъæуы банысан кæнын уый, æмæ, ацы проблематикæйыл цы æхсæнадæмон организацитæ кусынц, уыдон, хъыгагæн систы политизацигонд. Æмæ уый та ахъаз у ацы структурæтæм æууæнкдзинад фесафынæн.
Цхинвал, 2024 азы кæфты мæйы 12-æм бон