Уæрæсейы Паддзахадон тырысайы боны цытæн арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы Федерацийы Минæварадмæ

Южная Осетия и Россия

Уæрæсейы Паддзахадон тырысайы боны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад арвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы Федерацийы Минæварадмæ.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«1994 азы майрæмты мæйы Уæрæсейы Федерацийы Президенты Барамындмæ гæсгæ сфидаргонд бæстæйы уаз символ – Уæрæсейы тырыса расидт ног ахсджиаг эпохæ уæрæсейаг адæмы историйы. Ахсджиаг паддзахадон иуæг уæвгæйæ, национ триколор æвдисы Уæрæсейы тых æмæ хъомыс, йæ бирæнацион адæмыхаттыты иудзинад, йæ тырнындзинад сабырад, разыдзинад æмæ традицион хæзнатæ бавæрынмæ».  

22.08.2024