Сусæны мæйы 20-æм бон Никарагуамæ балцы фæлгæтты Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Республикæ Никарагуайы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Денис Монкада Колиндресимæ.
Фембæлды хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Никарагуайы Козаты Нарим.
Ныхасы рæстæджы Æддагполитикон уагдæтты сæргълæуджытæ æрдзырдтой хуссарирыстойнаг-никарагуайаг æмархайд дарддæры фидар кæныны фарстатыл, афтæмæй ма, ныры æхсæнадæмон уавæр хынцгæйæ, сæ хъуыдытæ загътой глобалон æмæ регионалон æдасдзинады фæдыл æмæ банысан кодтой Хуссар Ирыстон æмæ Никарагуайы иухуызон ахаст нырыккон проблемæтæм.
Ныхас ацыд хæларадон уавæры.
Фембæлды фæуды дыууæ фарс дæр раттой кæрæдзийæн зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Цхинвал, 2024 азы сусæны мæйы 21-æм бон