Республикæ Хуссар Ирыстоны делегаци Никарагуайы хайад райста Сандинистон революцийæ 45 азы рацыды охыл цытджын мадзæлтты

Сусæны мæйы 19-æм бон Республикæ Никарагуамæ балцы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар æмæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Никарагуайы Козаты Нарим хайад райстой Сандинистон революцийы фæуæлахизæй 45 азы рацыды цытæн мадзæлтты. Сæйраг мадзал ацыд Parque de la Dignidad Nacional фæзуаты Манагуайы бæстастæу.

Уазджытæн бæрæгбоны цытæн раарфæ кодтой Никарагуайы Президент Даниэль Ортега æмæ Никарагуайы Вице-президент Росарио Мурильо. Æддагполитикон уагдоны сæрдар Джиоты Æхсар Республикæ Хуссар
Ирыстоны Президент Гаглойты Аланы номæй раарфæ кодта Никарагуайы Президент команданте Даниэль Ортега æмæ Вице-президент Росарио Мурильойæн, æмæ никарагуайаг адæмæн йæ зæрдæ загъта сабырад æмæ фæрныгад, афтæмæй ма банысан кодта Хуссар Ирыстоны адæм æмæ къухдариуæгады здæхт Никарагуаимæ ахастыты дарддæры фидаркæнынадмæ.

Цытджын митингы хайад райстой æхсæнадæмон уазджытæ, Никарагуайы аккредитацигонд дипломатон корпусы минæвæрттæ æмæ никарагуайаг æхсæнад. Уæрæсейы Федерацийы делегацийы сæргъ лæууыд Паддзахадон Думæйы Федералон Æмбырды сæргълæууæг Вячеслав Володин, Республикæ Беларусы делегаци – премьер-министр Роман Головченко. Афтæмæй ма дзы уыдысты Латинаг Америкæ, Африкæ, Кубæ æмæ æндæр бæстæты минæвæрттæ.

Цхинвал, 2024 азы сусæны мæйы 20-æм бон  

 

20.07.2024