Сусæны мæйы 14-æм бон – Фидауынгæнæджы бон

Абон Хуссар Ирыстоны цæуынц Фидауынгæнæджы боны цытæн мадзæлттæ.

32 азы размæ, 1992 азы сусæны мæйы 14-æм бон, Уæрæсе, Гуырдзыстон, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сæргълæуджыты къухæй бафыстгонд гуырдзиаг-ирон конфликт æрбæстон кæныны сæйраг принципты фæдыл Фидыдыл бындуриуæггæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ конд æрцыдысты Сабырад бавæрыны æмхæццæ тыхтæ.

Хуссар Ирыстоны фидауынгæнæджы куыст нымад æрцыд дæнцæгыл, фæлæ 2008 азы майрæмты мæйы уæрæсейаг фидауынгæнджыты гуырдзиаг «коллегæтæ» чъылдымæй куы райдыдтой æхсын, уæд дзы фæхъуыд бирæ нымæц адæймаджы. 

Сæ бæрнон хæс уæрæсейаг æмæ ирон фидауынгæнджытæ сæххæст кодтой кæронмæ. 

Абон Республикæйы аргъуанты ацыдысты фæмардуæвæг хъайтартæ-фидауынгæнджыты номарæн службæтæ.

Ацыд фидауынгæнæн тыхты солдаттæ æмæ офицерты цыртдзæвæнмæ веноктæ æмæ дидинтæ сæвæрыны церемони.

Церемонийы хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Андрей æмæ Министрады кусджытæ.

Цхинвал, 2024 азы сусæны мæйы 14-æм бон

14.07.2024