Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсары хайадисты фæдыл Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзуапдæттæн коллегийы рабадты

Заседание отчетной Коллегии МИД Приднестровья
Заседание отчетной Коллегии МИД Приднестровья

Æртхъирæны мæйы 15-æм бон Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар видеоконференцийы хуызы хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзуапдæттæн коллегийы рабадты, кæцы уагъд æрцыд æддагполитикон уагдоны 2023 азы куысты фæдыл.

Рабадты ма хайад райста Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Официалон Минæварады Сæрдар Республикæ Хуссар Ирыстоны Плиты Алан.

Мадзалы хайад истой Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент Вадим Красносельский, ПМР-йы Хицауады æмæ Уæлдæр Советы къухдариуæгад, ПМР-йы Министрадты æмæ уагдæтты Сæргълæуджытæ, Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Молдовайы Олег Васнецов, Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады Сæрдар Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Виталий Янковский æмæ æндæр хайадисджытæ.

Рабадты рæстæджы Приднестровьейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Виталий Игнатьев йæ доклады банысан кодта, æндыгъд æхсæнадæмон æмæ регионалон уавæр хынцгæйæ, 2023 азы æддагполитикон архайды сæйраг хатдзæгтæ, афтæмæй ма æрдзырдта ацы аз Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады раз лæууæг хæслæвæрдтыл.

Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар раарфæ кодта приднестроваг коллегæтæн æмæ банысан кодта, нырыккон зын æхсæнадæмон уавæрмæ нæкæсгæйæ, дыууæ бæстæйы æддагполитикон уагдæтты æмархайд кæй у æнæаивгæ. Уымæй дарддæр ма ныфс бадардта, Хуссар Ирыстон æмæ Приднестровьейы ‘хсæн æппæтварсон ахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты.

Цхинвал, 2024 азы æртхъирæны мæйы 15-æм бон

 

15.02.2024