Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдады арфæйы фыстæг Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн

Южная Осетия и Сирия

Сириаг Араббаг Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ эмигрантты хъуыддæгты фæдыл министр Фейсал аль-Микдад рарвыста арфæйы фыстæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсармæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн.

Сæрмагондæй, арфæйы дзырдæуы:

«Æхсызгон мын у, кæй дæм æрвитын мæ зæрдæбын арфæтæ Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадæй 15 азы рацыды цытæн юбилейы фæдыл.

Ныфс нæ ис, не ‘мгуыстад дарддæр дæр кæй фидар кæндзæн, афтæмæй ма æмцæдисон ахастытæ кæй рæздзысты, уымæн æмæ уыдон нæ бæстæты иу кæнынц дывæрсон æмвæзадыл æмæ уый фадат дæтты иумæйаг фарстытыл æрдзурынæн».

26.08.2023