Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг

2011 азы 22 июлы Дзауы районон тæрхондон уынаффæ рахаста Гуырдзыстоны дæс æмбæстаджы административон федтæдуар кæныны тыххæй, кæцыты 18-19 июны æрцахстой хуссарирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Къозы хъæумæ хæстæг Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны ‘хсæн арæныл æнæзакъонæй кæй æрбахызтысты, уый тыххæй. Абон уыдон феттæдуар кодтой Гуырдзыстонмæ.

Арæнхалджытæ куыд фехъусын кодтой афтæмæй уыдон арæн кæуылты цæуы, уый куы зыдтаиккой, уæд йæ сæрты не ‘рбахызтаиккой. Афтæ æмæ инциденты уыдон бæрндзинад сæвæрдтой Гуырдзыстоны хицауиуæгадыл, уымæй æмæ уыдон ныхдуртæ æвæрынц дыууæ сыхагпаддзахады ‘хсæн арæн кæуылты цæуы уый сбæлвырд кæнынæн.

Цхинвал, 22 июнь 2011 азы

22.06.2011