РеспубликæХуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг НАТО-Гуырдзыстоны къамисы хъусынгæнинаджы фæдыл

Майрæмбоны 2011 азы 15 апрелы Берлины НАТО-Гуырдзыстоны къамисы рабадты ист æрцыдис Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинады фарс рахæцыны тыххæй, афтæ ма йæ территорийы дунеон мониторингы æнæмæнгхъæуындзинад, «Хуссар Ирыстон æмæ дзы Абхазы дæр бакæнгæйæ».

НАТО-йы бæстæйы министртæ хъусынгæнинаджы фактон æгъдауæй кусынц уæвæг факттæ сзыгъуыммæ кæныныл æмæ «сæхи сæрмагонд æцæгдзинад» саразыныл. Фæлæ кæсын хъæуы, объективонæй цы ис, уымæ. Уый, бынаты цы ситуаци ис, ууыл уыйбæрц дзурæг нæу, цас у Гуырдзыстоны 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ цы агрессии сарæзта, уымæй хатдзæгтæ арæзт кæй не ‘рцыдис, ууыл. Ныртæккæ ахсджиаг у, цæмæй фæлхатконд мауал æрцæуа раздæры фæндаг. Уый Альянсы Гуырдзыстоны къухдариуагады æнæхъуыдыгонд фарсхæцынад аркодта 2008 азы трагедимæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуддæгты министрад радон хатт хъусын кæны уый æмæ хуссар Ирыстонæн Гуырдзыстоны территоримæ кæй ницы ахаст ис. Хусса Ирыстон ныр 20 азы йæхæдæг у хæдбар республикæ æмæ 2008 азæй та нымад паддзахад. Ацы обьективон æцæгдзинады тыххæй нал ис быцæугæнæн æмæ рæхджы уа, æви æрæгмæ, уæддæр алкæй дæр бахъæкдзæнис, цæмæй йыл сразы уа. Æмæ Уæрæсейы адресыл циникон аххосджын кæнынадмæ цы хауы, уымæй та зæгъын хъæуы уый æмæ, растдæр Уæрæсе скодта кæрон Хуссар Ирыстонмæ Гуырдзыстоны хæстон бабырстæн æмæ уымæй мæлæтæй фервæзын кодта дæсгай мин адæймæгты. Уæрæсейы æфсæдтæ та Хуссар Ирыстоны территорийыл сты æмбæлон дывæрсыгон сразыдзинæдты бындурыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад НАТО-йы хъуысдард здахы уымæ æмæ уый гуырдзиаг къудариуагады ‘вварс кой хæцы йæ территориалон даукæнынады, уый нæ ахъаз кæны Хуссар Кавказы сабырад æмæ стабилондзинадæн.

Цхинвал, 2011 азы 21 апрель

21.04.2011