Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хъусынгæнинаг РХИ Конституциы боны цытæн

2011 азы 8 апрелы Хуссар Ирыстоны нысан цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæйы Конституцийы Бон.

10 азы размæ Хуссар Ирыстоны адæм референдумы хъæлæс радтой, цæмæй Хуссар Ирыстоны ист æрцыдаит ног Конституции. Уымæй ноджыдæр иу хатт бафидар кодтой, байсæн сын кæмæн нæй, уыцы бар æмæ тырнындзинад, цæмæй цæрой суверенон хæдбар паддзахады. Республикæйы ног этапы райдиан нысан кæнгæйæ, сноггонд Конституци ссис барадон системæйы бындур, рæстдзинад æмæ сæрибардзинады принципыл æхсæнадон рæзты ныфсджын æххæстаргъджын бындур. Растдæр кæрæдзиимæ æнгомдзинад æмæ паддзахады раз цы хæстæ лæууы, уым æппæт æхсæнад дæр йæ нысæнттæ æмæ хæстæ кæй бамбæрстой, уый ссис ахæм фактор, кæцы баххуыс кодта Хуссар Ирыстоны адæмæн, цæмæй бафæрæзтаиккой Гуырдзыстоны 'рдыгæй перманентон æфсæддон тæссагдзинадæн æмæ бацахстаиккой аккаг бынат нырыккон дунейы.

2001 азы Конституци ист кæй æрцыдис, уый уыдис ахсджиаг къахдзæф Республикæ Хуссар Ирыстоны дарддæры паддзахаддзинады рæзты хъуыддаджы. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад, куыд Хуссар Ирыстоны адæмы бахъахъхъæныны фæрæз, цæмæй куынæг ма ‘рцыдаиккой Гуырдзыстоны ‘рдыгæй. 1991 азы 21 февралы расидт æрцыдис Деклараци. Ацы уынаффæйы фарс рахæцыдысты 1992 азы 19 январы æппæтадæмон хъæлæсрадт æмæ фидаргонд æрцыдис 1992 азы 29 майы Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбарæй расидын. Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад рæзт æххæст цыдис æрмæстдæр закъонон демократон прцессы.

Абоны бонмæ Республикæ Хуссар Ирыстон, куыд хæдбар нымад демократон паддзахад, афтæ ныфсджынæй кæсы йæ фидæнмæ, кæцыйæн рæзты сæйраг вектор у адæмы фæрныгад æмæ законы уæлдæрдзинад, сабырадон цард æмæ æппæт сыхæгтимæ дæр æмбар æмкуысткæнынад.

Цхинвал, 2011 азы 8 апрель

08.04.2011