РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Цхуырбаты Казбулаты дзуапп Информацион агентад «Рес»-ы фарстæн

Фарст: Сайт «Wikileaks»-ы уыдис ахæм æрмæг,кæцы бæлвырд кæны,зæгъгæ,2008 азы августы хæстон архайдтыты инициатор уыдис Гуырдзыстоны президент М.Саакашвили.Фæлæ,уымæ нæ кæсгæйæ,Гуырдзыстоны хицауиуæгад дарддæр дæр Уæрæсейы аххосджын кæны Гуырдзыстоны ныхмæ гарзджын агресийæ æмæ Хуссар Ирыстоны нымайы оккупацигонд территорийыл.Уый тыххæй Дæ комментарий.

Дзуапп: Хъыгагæн,мах ногæй констатации кæнын хъæуы ахæм факт,зæгъгæ Гуырдзыстон дарддæр кæны,бынтондæр бындур кæмæн нæй,ахæм риторикæ,цыма,дам,бынат уыдис Уæрæсейы гарзджын агрессийæн. Ахæм фехъусынгæнинæгтæ кæрæй кæронмæ сты мæнг æмæ дыдзæсгомдзинад,фæлæ сæм уæддæр хъусынц дунейы фылдæр бæстæтæ æмæ уый мах не ‘мбарæм,уæлдайдæр та адæммæ чи фæхæццæ сты,уыцы хъаугъайаг «Wikileaks»-ы сайты фæстæ. Уыцы нымæцы дзырд цæуы америкæйаг минæварадты хъусынгæнинæгтæ кæцытæ æрвыст цыдысты АИШ-ы Паддзахадон департаментимæ.Æрмæджытæй бæрæгæй куыд зыны,афтæмæй хæстон архайдтыты инициатор растæндæр Гуырдзыстон кæй уыдис.Фæлæ Хуссар Ирыстоны алыварс политикон ситуации тынг ницы фæивта.Гуырдзыстон йæхи иуварс кæны Хуссар Ирыстоны ныхмæ тыхæй ма спайда кæныны сразыдзинадыл йæ къух æрфыссынæй.Уый нæ фæлæ ма Женевайы радон дискусситы хæдразмæ гуырдзиаг минæвæрттæ ногæй загътой сæ фæндондзинад,ахæм сразыдзинадыл махимæ нæ,фæлæ сæ къух бафыссой Уæрæсеимæ,кæцы никæмæ балæбурдта æмæ конфликты фæрстæй дæр никæцы у.

Гуырдзыстоны ‘рдыгæй æндыгъд уавæрон кæрон нæ зыны.Мах уынæм уый æмæ йæхи æмæ йе ‘мцæдисонты архайдтыты фæстиуæгæн арæхæй-арæхдæр пайдагонд кæй цæуы термин «оккупацигонд территори».Ахæм формулировкатыл ма фембæлæн ис суанг НАТО-йы резолюциты дæр.Мах хъусын кæнæм,уымæн ницы хуызы райсæн кæй нæй.Мах æгас дунейы зæрдыл лæууын кæнæм,2008азы,августы агрессор комкоммæдæр Гуырдзыстон йæхæдæг кæй уыдис,уый.Уæрæсейы Федераци нын нæ адæмы фервæзын кодта скуынæг кæнынæй æмæ бæстæйы территорийыл цы æфсæддон тыхтæ сты уыдон та сты Республикæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн сразыдзинадмæ гæсгæ.Нæ территори æххæстæй ис хуссарирыстойнаг хицауады контролы бын æмæ никæцы оккупацийыл дзурæн дæр нæй.Уый нæ,фæлæ ма абон Республикæ цæры сабырадон цардæй, æндидзыдгонд цæуы æмæ рæзы Гуырдзыстоны агрессийы фæстæ.Мах оптимизмимæ кæсæм нæ фидæнмæ æмæ кусæм нæ паддзахадиуæг фидар кæныныл.

04/03/2011 

04.03.2011