Фидыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн ахуырад æмæ (кæнæ) квалификациты иумийаг банымады тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауад, дарддæр – Дыууæ Фарсы,

Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн 2015 азы 18 марты фыстæрцæуæг Бадзырдæй къухдариуæггæнгæйæ,

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы райсгæ ахуырад æмæ (кӕнӕ) квалификациты æмхуызонæй банымайыны фæндонимæ,

ахуырад æмæ (кӕнӕ) квалификациты банымайыны æхсæндунеон принципты базæйыл архайгæйæ,
сразы сты дæлдæруæвæгыл:

Уац 1

1. Ацы Фидыд нывыл кæны Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæдтынадтæм гæсгæ аккредитацигонд ахуырадон программæтæм гæсгæ Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырадон æмæ (кӕнӕ) зонадон организациты райсгæ ахуырад æмæ (кӕнӕ) квалификациты банымад, ахæм нысанæн, цæмæй, ӕмбӕлон ахуырдзинад райсыны ӕмӕ (кӕнӕ) квалификациты тыххӕй документтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн фадат уа Дыууæ Фарсы паддзахадты ахуырдзинад адарддæр кæнын æмæ (кæнæ) профессионалон архайд сæххæст кæнынæн.

2. Афтæ ма ацы Фидыд парахатгонд цæуы, ацы Фидыд цалынмæ йæ тыхы нæ бацæуа, уæды онг Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны райсгæ ахуырдзинад æмæ (кӕнӕ) квалификацитыл дæр.

Уац 2

Уæрæсейы Федерацийы райсгæ бындурон астæуккаг ахуырад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны райсгæ бындурон астæуккаг ахуырад нымад цæуынц æмбæлоныл, æмæ Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæдтынадмæ гæсгæ кæмæн æрцыдысты лæвæрд, уыдонæн Дыууӕ Фарсы паддзахадты закъондӕдтынадмӕ гӕсгӕ, дæттынц Уæрæсейы Федерацийы астæуккаг иумиаг кæнæ астæуккаг (райдиан) профессионалон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны астæуккаг иумиаг, кæнæ астæуккаг профессионалон ахуырад райсыны тыххæй ахуыр адарддæр кæныны бар.

Уац 3

Уæрæсейы Федерацийы астæуккаг иумиаг ахуырад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны райсгæ астæуккаг иумиаг (æххæст) ахуырад нымад цæуынц æмбæлоныл æмæ Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæдтынадмæ гæсгæ бар дæттынц, чи сæ райста, уыдонæн, цæмæй астӕуккаг профессионалон кӕнӕ уӕлдӕр ахуырад райсыны тыххæй сæ ахуыр адарддæр кæной Уæрæсейы Федерацийы ӕмӕ астӕуккаг профессионалон кæнæ уӕлдӕр ахуырад райсыны тыххӕй Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Уац 4

Уæрæсейы Федерацийы райсгæ астæуккаг профессионалон ахуырад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны райсгæ астæуккаг профессионалон ахуырад нымад цæуынц æмбæлоныл, æмæ сæ чи райста, уыдонæн бар дæттынц уӕлдӕр ахуырад райсыны тыххӕй сӕ ахуыр адарддӕр кӕнын Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны уӕлдӕр профессионалон ахуырад райсын, афтæ ма сæ райсджытæн дæттынц ӕмхуызон бартӕ райсгæ ахуырад æмæ Дыууæ Фарсӕй алкӕцыйы закъондæдтынадмæ гæсгæ дæр профессионалон архайд æххæст кæнынæн.

Уац 5

Уæрæсейы Федерацийы райсгæ бакалавры дипломæй бафидаргонд уæлдæр ахуырад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны райсгæ бакалавры дипломæй бафидаргонд уæлдæр ахуырад нымад цæуынц æмбæлоныл æмæ сæ райсджытæн бар дæттынц уæлдæр ахуырад райсыны тыххæй сæ ахуыр адарддæр кæнынæн Уæрæсейы Федерацийы магистратурæйы программæмæ гæсгæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны специалитеты программæмæ гæсгæ, афтæ ма сын бар ис профессионалон архайд æххæст кæнынæн Дыууæ Фарсæй алкæцы паддзахады дæр цы ахуырад райстой, уый æмæ дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæдтынадмæ гæсгæ.

Уац 6

Уæрæсейы Федерацийы райсгæ специалисты кæнæ магистры дипломæй бафидаргонд уæлдæр ахуырад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны райсгæ специалисты дипломæй бафидаргонд уæлдæр ахуырад нымад цæуынц æмбæлоныл, æмæ сæ райсджытæн бар дæттынц зонадон-педагогон кадртæ цæттæ кæнын программæмæ гæсгæ Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сæ ахуыр адарддæр кæнынæн аспирантурæйы (адъюнктурæйы), ординатурæйы программæ, ассистентон-стажировкæйон программæмæ гæсгæ, афтæ ма райсгæ ахуырадмæ гæсгæ Дыууæ Фарсæй алкæцы паддзахады дæр профессионалон архайд æххæст кæнынæн уыцы Фарсы паддзахады закъондæттынадмæ гæсгæ.

Уац 7

Ацы Фидыды нысанæрцæуæг ахуырад æмæ (кӕнӕ) квалификациты банымад лæвæрд кæмæн æрцыдысты, уыдон нæ цæуынц сæрибаргонд Дыууæ Фарсы паддзахадты закъондæдтынадмæ гæсгæ ахуырмæ райсыны кæнæ профессионалон архайды рæстæджы бавдисгæ домæнтæ æххæст кæныны бæрндзинадæй.

Уац 8

Дыууӕ Фарсӕй иуы паддзахады территорийыл райсгӕ ахуырад ӕмӕ (кӕнӕ) квалификациты тыххӕй документтӕ, афтӕ ма сӕ нотариалон бафидаргонд халдихтӕ ӕмӕ тӕлмацтӕ ацы Фидыд реализаци кӕныны тыххӕй иннӕ Фарсы паддзахады территорийыл ист цӕуынц сӕ ӕцӕгдзинады тыххӕй ӕнӕ уӕлӕмхасӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ домгӕйӕ (ӕнӕ легализаци кӕнӕ æндæр сӕрмагонд бӕлвырдгӕнӕнæй).

Уац 9

1. Ацы Фидыд реализаци кæныны тыххæй йæ тыхы бацæуынæй 6 мæйы æмгъуыдмæ Дыууæ Фарсы сæ ахуырады сферæйы разымынд æххæстгæнæг органты номæй аразынц экспертты комитет ацы Фидыд реализаци кæнынимæ баст фарстатæ аскъуыддзаг кæныны нысанæн рекомендацитæ бакусыны тыххæй.

2. Экспертты комитеты сконды алы Фарсæй дæр нæ уыдзæн 6 экспертæй фылдæр. Экспертты комитеты сконды тыххæй информаци хъуамæ лæвæрд æрцæуа фыстæй официалон каналтыл.

3. Дыууæ Фарсæй кæцыфæнды домæнмæ гæсгæ дæр экспертты комитетæн рабадт хъуамæ уа æппынкъаддæр афæдз иу хатт. Рабадт ауадзæн бынат хъуамæ æмразыгонд æрцæуа официалон каналтыл.

Уац 10

Ацы Фидыд реализаци кæнынæн йæ тыхы бацæуынæй дыууæ мæйы æмгъуыдмæ Дыууæ Фарсы сæ паддзахадон хицауиуæгады æмбæлон органты ахуырады сферæйы разамынд æххæстгæнджыты номæй кæрæдзимæ æрвитынц Дыууæ Фарсы паддзахадты ратгæ ахуырад æмæ (кӕнӕ) квалификациты документты хуызæгтæ.

Уац 11

Дыууæ Фарсы ‘хсæн ацы Фидыдæй пайда кæнын кæнæ йæ æмбарын кæнынимæ бастуæвæг быцæутæ Дыууæ Фарсы ‘хсæн скъуыддзаг цæуынц консультацитæ æмæ баныхæсты фæрцы.

Уац 12

Дыууæ Фарсы æмразыдзинадмæ гæсгæ ацы Фидыдмæ бахæссæн ис ивындзинæдтæ, кæцытæ фидаргонд цæуынц хицæн суагъæтæй.

Уац 13

Ацы Фидыд арæзт цæуы æбæлвырд æмгъуыдмæ æмæ йæ тыхы цæуы, йæ тыхы бацæуынæн æнæмæнгхъæуæг мидпаддзахадон процедурæтæ сæххæст кæныны тыххæй Дыууæ Фарсы кæрæдзийæ фæстаг фыстæй фехъусынкæнинаг кæд райсай, уыцы бонæй. Дыууæ Фарсæй алкæцыйæн дæр бар ис ацы Фидыды архайд æруромынæн, уый тыххæй иннæ Фарсæн дипломатон каналтыл фыстæй фехъусын кæнгæйæ. Фидыды архайд урæд цæуы иу Фарсæй ахæм хъусинаг райсынæй 12 мæйы фæстæ.

Ацы Фидыды архайды æрурæд нæ хъыгдары йæ архайд æруромыны агъоммæ ацы Фидыдмæ гæсгæ ахуырад æмæ (кӕнӕ) квалификациты банымады тыххæй уынаффæты. Ацы Фидыдæй ма пайдагонд цæуы ахæм ахуырад æмæ (кӕнӕ) квалификацитæм ахасты, кæцыты райсджытæ ахуыр кæнынмæ æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстон кæнæ Уæрæсейы Федерацимæ, цалынмæ ацы Фидыды архайд урæд не ‘рцыд, уæдмæ.

 

Фыст æрцыд сахар Мæскуйы 2017 азы апрелы «12»- æм боны дыууæ экземплярæй ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл, уымæй дæр дыууæ текстæн дæр ис æмхуызон тых.

 

Date of issue
12/04/2017