Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-релиз

26 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны уагъд цæуынц бæрæгбонон мадзæлттæ Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, ууыл аст азы сæххæсты цытæн. Раст 8 азы размæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Д.А. Медведев йæ къух бафыста Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ паддзахадон суверенитет банымайыны историон Барамындыл. Уымæн йæ размæ уыд хуссарирыстойнаг адæмы бирæазон тугкалæн тох Гуырдзыстоны ныхмæ сæрибар цард æмæ аккаг фидæны сæраппонд.

2008 азы августы Гуырдзыстон æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн хæст сси Гуырдзыстоны агрессивон милитаристон амбициты кульминаци. Гуырдзыстоны сабырадмæ æркæныны фæдыл Уæрæсейы Федерацийы уагъд операци ахъазыд сæйраг роль ситуаци æрбæстон кæныны хъуыддаджы. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад 2008 азы банымайгæйæ, Уæрæсе сси Хуссар Ирыстонæн, куыд хæдбар паддзахадæн, афтæ йæ уæвынады æмæ хуссарирыстойнаг адæмæн та сæ сабырадон фидæны гарант.
Хуссар Ирыстоны стыр аргъ кæнынц, Цхинвал æмæ Мæскуыйы æхсæн цы интенсивон æмæ æууæнкджын диалог сырæзт, уымæн. Рацæугæ аст азы дæргъы уæрæсейаг-хуссарирыстойнаг ахастытæ сфидар сты æмгуыстады алыхуызон къабæзты, уый фидаргонд у 80-йæ фылдæр фидыдадæй, уыдон нымæцы - 2015 азы 18 марты Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы презинденттæ Кремлы цы Бадзырд бафыстой æмцæдисад æмæ интергацийы тыххæй, уый дæр. Гуырдзыстоны цы реваншинстон хъуыдытæ баззад, уыдон хынцгæйæ, уæлдай актуалон у æдасдзинады сферæйы æмгуыстад. Уæрæсе стыр æххуыс кæны Хуссар Ирыстоны сæндидзынæн, реализацигонд цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты æххуысæн иумæйаг Инвестицион программæ.

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстонæн алыварсон æххуыс кæны йæ паддзахад сфидар кæныны æмæ æмбæстагон æхсæнад, æхсæнадон æмæ политикон институттæ аразыны фарстаты, йæ социалон-экономикон райрæзты, уый та у Хуссар Ирыстонæн дунеон æмæхсæнадмæ бацæуыцы объективон процессы бындур.

Цхинвал, 2016 азы 26 август

 

26.08.2016