Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинаг

2015 азы 18 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты К.И. хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Абхазы Республикæйы Минæварад бакæныны официалон церемонийы.

Уый цытæн арфæйы ныхас загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х. æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Минæварад бакæнын ахсджиаг къахдзæф у ирыстойнаг-абхазаг æхсæнпаддзахадон ахастыты рæзты хъуыддаджырадон къахдзæф æмæ æвдисæн у, бирæ алыгъуызон къабæзты дыууæ бæстæйы æнгом бастдзинæдты æмæ æмкуысткæнынады рæзт æмæ фидар кæныны хъуыддагæн.

Æмбырдмæ ‘рцæуджыты – Хицауады органты, дипломатон корпусы, æсæнады минæвæртты раз раныхас кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Елбачиты А.М. æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр В.А. Чирикба.

Цхинвал, 2015 азы 18 август

 

18.08.2015