2015 азы 17 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады фембæлд уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Казбулат æмæ Республикæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Вячеслав Чирикбайæн, кæцы Цхинвалы ис кусæгон балцы.
Фембæлды хуссарирыстойнаг фарсæй хайад райстой РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Цхуырбаты А.В., РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хайады хистæр Санахъоты А.Г., Абхазы ‘рдыгæй фарсæй та – РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Аршба О.Н., РА Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хайады хистæр Чечия А.В. æмæ РА РХИ Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Елбачиты А.М.
Ныхæсты рæстæджы æруынаффæ чындæуыдис хуссарирыстойнаг-абхазаг актуалон фарстатыл, ногæй та бафидар æрцыдис, дыууæ бæстæйæн дæр æмхуызон ахастытæ кæй ис Фæскавказы регионы æдасдзинад æмæ стабилондзинад фидар кæнынмæ æмæ дунеон аренайыл æмкуысткæнынадмæ, афтæ ма дзырд цыдис боны фæткы æндæр актуалон тематыл дæр.
Фембæлды фæлгæтты Министртæ сæ къухтæ ‘рфыстой 2015-2016 азты æттагонполитикон уагдæтты ‘хсæн Консультациты планыл.
Уыцы бон ма хæларадон Абхазы делегацийы, В. Чирикбайы сæргълæуæй йæхимæ райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Л.Х.
Цымыдисон ныхас цыдис, дыууæ фарсы дæр æмхуызон цымыдис кæмæ кæнынц, уыцы дывæрсыг ахастыты дарддæры рæзты фарстатыл. Фæрстæ сæ фæндондзинад загътой æндæр æмæ æндæр къабæзты практикон рæзты æмæ хуыздæр кæныны тыххæй, банысан æрцыдис дыууæ бæстæйы архайды дарддæры арфдæр æмæ фидардæр кæныны ахсджиагдзинад.
Президент Тыбылты Л.Х. дæруым уыдис, афтæмæй уыдис Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ Абхазы Республикæйы Хицауады æмбæстæгтæ кæрæдзимæ æнæвизайæ кæй цæудзысты, уый фæдыл церемони, кæцыйыл сæ къухтæ ‘рфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр К. Цхуырбаты.æмæ Абхазы Республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты минитр В. Чирикба.
Фæрстæ ныфсдзинад загътой, къухты ацы æрфыст кæй суыдзæнис дыууæ бæстæйы ахастыты дарддæры рæзтмæ ноджыдæр иу хайдбавæрд.
Цхинвал, 2015 азы 17 август