Приднестроваг Молдоваг Республикæйы РХИ Официалон Минæварады (Посольство) Сæргълæууæджы тел Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийы дыккæгæм азы охыл

Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хотыхджын агрессийыл дыууæ азы кæй сæххæст æмæ йæ фæдыл Республикæйы сабыр цæрджыты бирæнымæц адæймæгты амæлæт кæй расайдта, уый охыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады (Посольство) Сæргълæууæг Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Сергей Сураго тæфæрфæсы тел арвыста РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Мурæтмæ.

Телы сæрмагондæй дзырд цæуы:

«Приднестроваг Молдоваг Республикæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Официалон Минæварады (Посольство) номæй æмæ сæрмагондæй мæхи номæй курын, цæмæй айсай зæрдæбын тæфæрфæс 2008 азы августы Гуырдзыстоны агрессийыл дыууæ азы сæххæсты охыл.

АИШ инструктортæ кæй бацæттæ æмæ сразæнгард кодтой, Гуырдзыстоны уыцы æфсад дыууæ азы размæ бабырста ирон зæххытæм. Гуырдзыстоны хицауадæн йæ бон куынæ бацис ирæтты блокадæтæ æмæ террорæй йæ дæлбар бакæнын, уæд сфæнд кодтой, цæмæй æнæбасæттон адæмы скуынæг кодтаиккой физикон æгъдауæй, схафой йæ историйы сыфтæй. Америкæйы Иугонд Штаты æмæ сæ сателитты фарсы ‘рдыгæй фарсхæцын фадат радта Саакашвилийы режимæн, цæмæй сарæзтаит хъомысджын размæбырсæг къорд, кæцы конд уыдис бронетанкæйон æмæ механизацигонд бригадтæ, системæтæ. 8 августы æхсæвы æппæт ацы мæлæтхæссæг хъомысадæт æхст цыдысты Хуссар Ирыстоны сабыр цæрджытæ.

Агрессийы фыццаг æхсæв æмæ боны дæргъы зæххы ‘мваз систы æнæхъæн хъæутæ, танктæй пырх æмæ сыгъд æрцыдысты Цхинвалы сабырадон кварталтæ. Гуырдзиаг æфсад Хуссар Ирыстоны территоримæ бабырсгæйæ тырныдта, цæмæй ирон адæмæн байстаит йæ фидæн, нысанмæздæхтæй куынæг кодта скъолаты, рынчындæтты, культурон уагдæтты. Тыхæймсджытæ æцæгæй цы фæнд кодтой, уый тыххæй иттæг хорз æвдисæндæр у ацы хæстон акцийæн Гуырдзыстоны хицауад цы ном радта, уый дæр – операци «Сыгъдæг быдыр». Саакашвилийы режим ирон зæххыл цы сырдон митæ æмæ фыдракæндтæ сарæзта, уый у чи нæ гас кæны, æппæт адæмы зæрдæйы ахæм хъæдгом. Истори никуы ферох кæндзæнис гуырдзиаг регулярон æфсады ныхмæ тохмæ чи растадысты, уыцы хъахъхъæнджыты хъайтардзинад, кæцытæ æппæт дæр арæзтой, цæмæй сæ зæхх бахъахъхъæдтаикой, бирæ фылдæр тых кæмæ уыдис, уыцы агрессортæй. Знагæн нæ бантыстис Хуссар Ирыстоны цæрджыты удыхъæд басæттын, кæцытæ стыгуыр сты кæрæдзийы алыварс, цæмæй бахъахъхъæдтаиккой сæ сæрибар равзæрст. Фæлæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Уыцы тæссаг бонты æрмæстдæр Уæрæсейы фæндвидар хихæццæкæнынады фæрцы æрцыдис геноцидæй хи бахизын. Гуырдзыстоны бафидауыныл сразынмæ æркæнын радта дæсгай мин адæймæгты цард бахъахъхъæныны фадат æмæ дзурæг у, уыцы бæрндзинады ролыл, кæцы абон æххæст кæны Уæрæсейы Федераци дунеон хъуыддæгты. Ирон зæххыл уæрæсейаг салдæттыл æмбæлдысты циндзинады цæссыгтимæ.

Мæскуы эффективон æмæ уæндонæй архайгæйæ, æнæхъæн нацийы бахызта скуынæг кæнынæй æмæ райста Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй историон уынаффæ. Ацы бон ссис рæстдзинады фæуæлахизы бон, тохы закъонбæрцон фæстиуæг, кæцыйы сæраппонд бирæ æзты дæргъы тох кодтой сæрибаруарзаг адæм. Хæсты ристæ бавзаргæйæ, æххæстæй скуынæг кæныны тасæй, кæцыты Республикæмæ æрхастой гуырдзиаг оккупанттæ, фæлæ ирон адæмæн сæ бон бацис уымæн хъайтаронæй бафæразын. Дæрæнгæнæг агрессийы фæстиуджытæм нæ кæсгæйæ, абон Хуссар Ирыстон у, йæ фидæнмæ ныфсдзинады цæстæй чи кæсы, ахæм бæстæ кæй басыгътой, уыцы кварталты бынæтты хæрдмæ рæзынц ног бæстыхæйттæ, бындур æвæрд цæуы экономикæйы æмæ социалон сферæйы æнтысгæ рæзтæн. Хъахъхъæнынад æмæ Уæрæсе физикон æгъдауæй ирон зæххыл кæй ис, уый у ныфсдæттæг гарант æмæ ныфсбавæрæн ис ивгъуыд æзты трагедитæ фæлхаттгонд кæй нал æрцæудзысты, уымæй.

Приднестроваг адæмæн фехъусæнагæй, мыййаг, нæу зындгонд, цахæм уæззау æнкъарынад у хи бинонтæй æмæ æввахс адæмæй искæйы фесафын. Абон Приднестровье Хуссар Ирыстоны адæмимæ иумæ хъыг кæнынц уыцы хæсты амæттæгтыл, геноциды амæттæгтыл. Ирон адæмы ныхмæ хæстæн йæ райдайæг та уыдис фашистон гуырдзиаг режим. Нæй æмæ нæдæр гæнæн ис уый йæ фыдракæндты тыххæй сраст кæнынæн. Уырны мæ: йæ къухтæ æнæаххос адæймæгты тугæй ахуырст цы лæгмартæн сты, уыдон, цахæм сæм æмбæлы, ахæм æфхæрд кæй баййафдзысты.

Ацы фыдохы боны айс, Мурæт Кузьмайы фырт зæрдæйы арфæй цæуæг æнкъарынадæй кæй маст кæнæм, афтæ ма мæ фæнды сабырдзинад, хорздзинад æмæ амонд, паддзахады сæрибар рæзты ныхдуртæ басæттыны хъуыддаджы ног æнтыстытæ».

РХИ Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады
Пресс-службæ

27.01.2011